Цӕгат Иры хъӕбысӕйхӕцджытӕ рамбылдтой авд хорзӕхы Цӕгат Кавказы федералон зылды ерысты

© Пресс-служба Минспорта РСО-АЦӕгат Иры хъӕбысӕйхӕцджытӕ рамбылдтой авд хорзӕхы Цӕгат Кавказы федералон зылды ерысты
Цӕгат Иры хъӕбысӕйхӕцджытӕ рамбылдтой авд хорзӕхы Цӕгат Кавказы федералон зылды ерысты - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цӕгат Кавказы федералон зылды ерысты греко-римаг хъӕбысхӕцынӕй юниорты ӕхсӕн уагъд цыдысты Нальчикы 29-31 январы

ЦХИНВАЛ, 1 фев — Sputnik. Цӕгат Ирыстоны юниорты командӕ греко-римаг хъӕбысхӕцынӕй рамбылдта авд хорзӕхы Цӕгат Кавказы федералон зылды чепионаты, хъусын кӕны республикӕйы спорты министрад.

Уӕзтӕисӕг - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ирон богал рамбылдта Уӕрӕсейы ерыстӕ уӕззау атлетикӕйӕ

Цӕгат Кавказы федералон зылды ерысты греко-римаг хъӕбысхӕцынӕй юниорты ӕхсӕн уагъд цыдысты Нальчикы 29-31 январы. Ирыстоны командӕ рамбылдта ӕртӕ ӕвзист ӕмӕ цыппар бронзӕйы майданы.

"Сӕ уӕзты категориты ӕвзист майдантӕ райстой Теблойты Даниэль (51 килограмм), Цӕмӕхъаты Нарт (110 килограмм) ӕмӕ Булацаты Альберт (120 килограмм). Беслехъты Зауыр (45 килограмм), Тезиты Владимир (110 килограмм) , Теблойты Давид (51 килограмм) ӕмӕ Артур Даншин (120 килограмм) ацыдысты ӕртыккаг бынатыл", - дзырдӕуы хъусинаджы.

Уагдоны бафтыдтой, спортсмен ерыстӕм кӕй цӕттӕ кодтой  Цӕмӕхъаты Нарт, Козаты Виталий, Гаглойты Вахтанг, Хӕтӕгты Асланбег ӕмӕ Гудиты Илья.

Ног хабӕртты лентӕ
0