Нӕ агурын ӕнцон тохтӕ: Гасситы Мурӕт радзырдта йӕ фидӕны нывӕзтыты тыххӕй

© Sputnik / Наталья АйриянГасситы Мурӕт
Гасситы Мурӕт - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уӕрӕсейаг боксер Гасситы Мурӕт радзырдта йӕ ӕрыздӕхыны тыххӕй стыр спортмӕ ӕмӕ банысан кодта, ныридӕгӕн апрелы кӕй ацӕудзӕн тренировкӕ кӕнынмӕ Америкӕмӕ

ЦХИНВАЛ, 3 апр — Sputnik. IBF ӕмӕ WBA верситӕм гӕсгӕ дунейы раздӕры чемпион Гасситы Мурӕт радзырдта интервьюйы Sport24 йӕ ӕрыздӕхыны тыххӕй рингмӕ дӕргъвӕтин фӕурӕды фӕстӕ, афтӕ ма загъта йӕ хъуыды Александр Усикимӕ реваншы тыххӕй.

Йӕ интервьюйы Гасситы Мурӕт банысан кодта, кӕй никуы агуырдта ӕнцон тохтӕ ӕмӕ рахиздзӕн рингмӕ йӕ командӕ йын кӕимӕ зӕгъа, уыимӕ.

"Мӕ бон у ерыс кӕнын уӕззау ӕмӕ иууыл уӕззаудӕр категорийы, мӕнӕн сӕйраг у тагъддӕр рахизын рингмӕ", - бафтыдта спортсмен.

Боксеры ныхӕстӕм гӕсгӕ, уый хъуамӕ райса америкӕйаг визӕ ӕмӕ апрелы нывӕнды ацӕуын тренировкӕ кӕнӕн лагерь Биг Беармӕ.

Афтӕ ма Мурӕт фехъусын кодта, кӕй у разы Александр Усикимӕ реваншыл.

Гасситы Мурӕт - Sputnik Хуссар Ирыстон
"Iron": Уæрæсейы боксы Федераци систа фильм Гасситы Мурӕтыл

"Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, мӕн фӕнды ауадзын реванш. Фӕлӕ Александр Усикы фӕнды схизын иууыл уӕззаудӕр категоримӕ ӕмӕ ӕз та нырма нӕ зонын схиздзӕн, ӕви нӕ", - загъта спортсмен.

Ирон боксер Гасситы Мурӕт бахӕццӕ Ӕппӕтдунейон боксы суперсерийы финалмӕ, цы ран 2018 азы июлы фембылд украинаг Александр Усикӕн. Финалон тохы фӕстӕ боксерӕн сарызтой операци йӕ уӕхскыл. Ирон боксер ногӕй райдыдта тренировкӕ кӕнын ацы аз январы.

Ног хабӕртты лентӕ
0