Дзӕуджыхъӕуы фыдгӕнӕг фӕнд кодта баппарын наркотиктӕ ахӕстоны къулы сӕрты

© Sputnik / Виталий Белоусов /  Ахизын медиабанкмæДзӕуджыхъӕуы фыдгӕнӕг фӕнд кодта аппарын наркотиктӕ ахӕстоны къулы сӕрты
Дзӕуджыхъӕуы фыдгӕнӕг фӕнд кодта аппарын наркотиктӕ ахӕстоны къулы сӕрты - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Барадхъахъхъӕнӕг органты кусджытӕ ӕрцахстой ӕвзонг лӕппуйы ахӕстоны цур

ЦХИНВАЛ, 5 авг — Sputnik. Дзӕуджыхъӕуы полицийы кусджытӕ ӕрцахстой бынӕттон цӕрӕджы, кӕцымӕ зӕрдӕ ӕхсайдта наркотиктӕ ахӕстонмӕ бахӕссынмӕ, хъусын кӕны Цӕгат Ирыстоны Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ.

Наркотиктæ уæйгæнæджы æрцахстой Хуссар Иры - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры хъæутæй иуы цæрæгмæ ссардтой хæцæнгарз æмæ наркотикты егъау парти

Оперативон информацийы фӕдыл бакуысты рӕстӕджы барадхъахъхъӕнӕг органты кусджытӕ ӕрцахстой ӕвзонг лӕппуйы ахӕстоны цур.

"Фыдгӕнӕг разынд раздӕр азымджын адавд ӕмӕ наркотикон буарадтӕй уӕй кӕныны, 27-аздзыд бынӕттон цӕрӕг. Басгӕрсты рӕстӕджы уымӕ ссардтой пакет цъӕх-урс хуыз буарадимӕ, кӕцы эксперттӕ-криминалистты уынаффӕмӕ гӕсгӕ у наркотикон буарад – героин, йӕ иумӕйаг массӕ 2,68 грамм", - дзырдӕуы хъусинаджы.

Ныртӕккӕ зӕрдӕмӕхсагӕ ис ахӕстоны. Нӕлгоймаджы ныхмæ бакодтой уголовон хъуыддаг "наркотиктӕ уӕй кӕныны фӕлвӕрд" статьямӕ гӕсгӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0