Йӕ цардӕй ахицӕн "Стыр Ныхасы" раздӕры сӕрдар Басаты Борис

© официальный портал РСО-АЙӕ цардӕй ахицӕн "Стыр Ныхасы" раздӕры сӕрдар Басаты Борис
Йӕ цардӕй ахицӕн Стыр Ныхасы раздӕры сӕрдар Басаты Борис - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цӕгат Ирыстоны ӕхсӕнадон архайӕджы амӕлӕты тыххӕй фехъусын кодтой къуырисӕры

ЦХИНВАЛ, 5 авг — Sputnik. Цӕгат Ирыстоны столицӕйы 82-аздзыдӕй ахицӕн йӕ цардӕй Цӕгат Ирыстоны фыццаг ӕрсидты парламенты депутат, Ӕхсӕнадӕмон ӕхсӕнадон змӕлд "Стыр Ныхасы" раздӕры сӕрдар Басаты Борис, хъусын кӕны къуырисӕры 15-ӕм Регион.

Хуссар Иры президент Бибылты Анатолий фембæлд æхсæнадæмон змæлд Стыр Ныхас-ы сæрдар Къучиты Русланимæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры президент "Стыр Ныхас"-ы сæрдарæн: хъæуы архайын иумæ

Басаты Борис – Уӕрӕсейы зонӕдты сгуыхт архайӕг, Кӕсӕг-Балхъары зонӕдты сгуыхт архайӕг, УФ ӕмӕ РЦИ-Аланийы хъӕууон хӕдзарады сгуыхт кусӕг. Хорзӕхджын у орденӕй "Адӕмты хӕларад", майданӕй "Во Славу Осетии", Уӕрӕсейы хъӕууон хӕдзарады министрады майданӕй "Уӕрӕсейы хъӕууон хӕдзарады комплексы райрӕзтмӕ хайбавӕрды тыххӕй", "Кады" орден ӕмӕ "Хӕларады" орденӕй (Республикӕ Хуссар Ирыстон). Форум "Ӕхсӕнадон банымад"-ы лауреат. 1994-2007 ӕзты уыд Паддзахадон хӕххон аграрон университеты ректор.

Ӕхсӕнадӕмон змӕлд "Стыр Ныхас" сарӕзтой 1993 азы, уый у ӕхсӕнадон иугонд, кӕцы архайы этникон ирӕтты монон-фӕткон сӕндидзыныл, афтӕ ма культурӕ ӕмӕ мадӕлон ӕвзаг сфидар кӕныныл.

Ног хабӕртты лентӕ
0