Дзӕуджыхъӕуы фӕзынд тӕхӕг Кобылты Сергейы граффити

© Осетия-ИрыстонДзӕуджыхъӕуы фӕзынд тӕхӕг Кобылты Сергейы граффити
Дзӕуджыхъӕуы фӕзынд тӕхӕг Кобылты Сергейы граффити - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Куыст сныв кодтой хӕдзары къулыл, кӕцы ис ССРЦ хъайтары номыл уынгыл

ЦХИНВАЛ, 12 авг — Sputnik. Сфӕлдыстадон лаборатори "Портал"-ы нывгӕнджытӕ сарӕзтой Дзӕуджыхъӕуы граффити, кӕцы нывонд у Советон Цӕдисы Хъайтар, тӕхӕг Кобылты Сергейӕн, хъусын кӕны Осетия-Ирыстон.

Цхинвалы банысан кодтой Советон цӕдисы хъайтары 100-азон юбилей - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы банысан кодтой Советон цӕдисы хъайтары 100-азон юбилей

Советон ӕфсады дӕлбулкъоны хуызист гӕнӕн ис фенын дыууӕуӕладзыгон хӕдзары разуындыл, кӕцы ис ССРЦ хъайтары номыл уынгыл.

Кобылты Сергей службӕ кодта авиацион полкъы. Кобылты Сергейы фыццаг уӕлахиз уыд 1941 азы. Тохты рӕстӕджы ирон хъайтар ӕрӕппӕрста ныхмӕлӕууӕджы 27 хӕдтӕхӕджы, кӕцыты фылдӕр хай уыдысты уӕззау бомбӕкалӕн хӕдтӕхджытӕ. Кобылты Сергей хорзӕхджын ӕрцыд Сырх Тырысайы орденӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0