Дзӕуджыхъӕуы схорзӕхджын кодтой Беслӕны амынӕтты ирвӕзынгӕнджыты

© Sputnik / Анна КабисоваБеслӕн
Беслӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ацы аз сӕххӕст 15 азы уыцы ӕвирхъау трагедийыл, кӕцы ахаста 334 царды, се хсӕн 186 - сывӕллӕттӕ

ЦХИНВАЛ, 2 сен - Sputnik. Цӕгат Ирыстоны сӕргълӕууӕг Битарты Вячеслав майдантӕ "Во славу Осетии"-йӕ хорзӕхджын кодта УУМ сӕрмагонд къорды минӕвӕртты ӕмӕ ирвӕзынгӕнджыты, кӕцытӕ хайад истой 2004 азы Беслӕны 1-аг скъолайы амынӕты ист адӕмы ссӕрибар кӕныны операцийы. Уый тыххӕй республикӕйы хистӕр фехъусын кодта йӕ фарсыл Instagram.-ы.

"Цӕгат Ирыстоны бирӕнационалон адӕм кӕддӕриддӕр уыдзысты бузныг ацы лӕппутӕй!", - банысан кодта Битарты Вячеслав.

Афтӕ ма хорзӕхтӕ радтой фӕмардуӕвӕг ирвӕзынгӕнджыты хӕстӕджытӕн дӕр.

"Ӕнусон кад Андрей Велько, Валерий Замараев, Олег Ильин, Олег Лоськов, Вячеслав Маляров, Александр Перов, Денис Пудовкин, Дмитрий Разумовский, Андрей Туркин, Дмитрий Кормилин, Роман Катасонов, Михаил Кузнецовӕн", - ныффыста РЦИ-А сӕргълӕууӕг.

Ног хабӕртты лентӕ
0