"Мисс Алани — 2019": Цӕгат Иры равзардзысты иууыл рӕсугъддӕр чызджы

© Sputnik / Рамиль Ситдиков /  Ахизын медиабанкмæ"Мисс Алани — 2019"
Мисс Алани — 2019 - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Организатортӕ куыд банысан кодтой, афтӕмӕй чызджытӕ равдисдзысты ӕрмӕст сӕ рӕсугъддзинад нӕ, фӕлӕ ма сӕ курдиӕттӕ дӕр

ЦХИНВАЛ, 18 сен – Sputnik. Цӕгат Ирыстоны столицӕйы ацӕудзӕн рӕсугъддзинады конкурс "Мисс Алани — 2019". Аланийы иууыл рӕсугъддӕр чызджы ном рабӕрӕг уыдзӕн 1 ноябры, хъусын кӕны Ossetia News.

Горӕты бон ӕмӕ Республикӕйы бон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Уӕлибыхтӕ, цыхт ӕмӕ бӕгӕны: куыд банысан кӕндзысты Дзӕуджыхъӕуы бон

Претенденткӕтӕ хайад райсдзысты ӕртӕ конкурсы, цы ран равдисдзысты ӕрмӕст сӕ рӕсугъддзинад нӕ, фӕлӕ ма сӕ курдиӕттӕ дӕр.

"Чызджытӕн бацӕттӕ кодтой ӕртӕ конкурсы. Уыдон хъуамӕ равдисой сӕ рӕсугъдзинад, интелектуалон курдиӕттӕ блиц-ӕрфарсты хуызы, афтӕ ма ауадздзысты курдиӕтты конкурс дӕр", - радзырдта организатортӕй иу Светлана Асеева.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, цалынмӕ чызджытӕ сценӕмӕ рахизой, уӕдмӕ семӕ кусдзысты стилисттӕ, хореографтӕ ӕмӕ психологтӕ.

Уый ма бафтыдта, организаторты нысаниуӕг кӕй у ӕрбаиу кӕнын чызджыты. "Мах нывӕндӕм балц хӕхтӕм, мастер-класс ирон уӕлибыхтӕ аразынӕй ӕмӕ ӕндӕртӕ", - банысан кодта Асеева.

Конкурсмӕ куырдиат бадӕттыны фадат ис 27 сентябры онг.

Ног хабӕртты лентӕ
0