Цӕгат Иры ныййарджытӕн уыдзӕн фадат раттын сывӕллӕттӕн ирон кӕронимӕ мыггӕгтӕ

© Новости Юргинского районаЦӕгат Иры ныййарджытӕн уыдзӕн фадат раттын сывӕллӕттӕн ирон кӕронимӕ мыггӕгтӕ
Цӕгат Иры ныййарджытӕн уыдзӕн фадат раттын сывӕллӕттӕн ирон кӕронимӕ мыггӕгтӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ирыстоны ныр мыггӕгты фылдӕр хай фыссынц уырыссаг кӕронимӕ, фӕлӕ бирӕты ныридӕгӕн фӕнды фыссын сӕ мыггӕгтӕ ирон ӕвзаджы нормӕтӕм гӕсгӕ

ЦХИНВАЛ, 8 ноя - Sputnik. Цӕгат Ирыстоны парламенты совет хорзыл банымадта законы проект, кӕцыйы руаджы ныййарджытӕн уыдзӕн фадат дӕттын сӕ сывӕллӕттӕн мыггӕгтӕ ирон кӕронимӕ документтӕ ӕнӕивгӕйӕ.

Дзӕуджыхъӕуы ауагътой Цӕгат Иры кубок спортивон туризмӕй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Дзӕуджыхъӕуы ауагътой Цӕгат Иры кубок спортивон туризмӕй

Осетия-Ирыстон телеканал куыд хъусын кӕны, афтӕмӕй, парламенты законад ӕмӕ бынӕттон хӕдразамынады фӕдыл комитеты сӕрдар Ортабайты Тимур банысан кодта, республикӕйы цӕрджытӕ ныртӕккӕ кӕй пайда кӕнынц ирон мыггӕгты фыссыны алыгъуызон формӕтӕй, се хсӕн ирон, уырыссаг ӕмӕ гуырдзиаг кӕрӕттимӕ.

Ныр дӕр алкӕцы ӕххӕсткар ӕмбӕстагӕн ис фадат раивын йӕ мыггаджы фыссыны формӕ, фӕлӕ уый тыххӕй хъӕуы раивын бӕрӕггӕнӕнтӕ паддзахадон ӕмӕ муниципалон службӕты. Уый фӕдыл бирӕтӕ нӕ арӕзтой ацы къахдзӕф. Ног законы проектмӕ гӕсгӕ, фидӕны фӕлтӕрӕн нал уыдзӕн проблемӕ мыгггӕгтӕ ирон кӕронимӕ ныффысынимӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0