Цӕгат Иры тӕрхон кӕнынц экс-депутаты, кӕцы ӕртхъирӕн кодта амарын ахуыргӕнӕджы

© FlickrЦӕгат Иры тӕрхон кӕнынц экс-депутаты, кӕцы ӕртхъирӕн кодта амарын ахуыргӕнӕджы
Цӕгат Иры тӕрхон кӕнынц экс-депутаты, кӕцы ӕртхъирӕн кодта амарын ахуыргӕнӕджы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ацы аз марты Ӕрыдоны районы 28-аздзыд депутат бацыд горӕт Ӕрыдоны скъоламӕ ӕмӕ сывӕллӕтты раз райдыдта нӕмын райдайӕн кълӕсты ахуыргӕнӕджы

ЦХИНВАЛ, 8 ноя — Sputnik. Цӕгат Ирыстоны тӕрхон кӕнынц Ӕрыдоны районы экс-депутаты, кӕцыйы азымджын кӕнынц ахуыргӕнӕджы амарынмӕ ӕртхъирӕны, хъусын кӕны УФ фӕдагуырды комитет.

"Балхынцъ ис Ӕрыдоны районы муниципалитеты минӕвӕртты ӕмбырды 28-аздзыд раздӕры депутаты фӕдыл уголовон хъуыддаджы фӕдӕвзарӕн. Уыйы азымджын кӕнынц ахуыргӕнӕджы амарынмӕ ӕртхъирӕны. Фӕдагуырд ӕрӕмбырд кодта аккаг ӕвдисӕнтӕ ӕмӕ бадӕтта уголовон хъуыддаг тӕрхондонмӕ", - дзырдӕуы хъусинаджы.

Уагдоны бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, 6 марты райсомӕй экс-депутат ӕрбацыд горӕт Ӕрыдоны цыппӕрӕм астӕуккаг скъолайы къласмӕ ӕмӕ райдыдта нӕмын ахуыргӕнӕджы. Уый фӕстӕ нӕлгоймаг бакодта ахуыргӕнӕджы скъолайы директоры кабинетмӕ ӕмӕ райдыдта ӕртхъирӕн кӕнын амарын сылгоймаджы. Фӕлӕ йӕ баурӕдта скъолайы директор.

Ног хабӕртты лентӕ
0