Ирон богал рамбылдта сыгъзӕрин майдан ӕппӕтуӕрӕсейон турниры

© Пресс-служба Минспорта РСО-А.Джиоты Дмитрий
Джиоты Дмитрий - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ӕппӕтуӕрӕсейон турнир греко-римаг хъӕбысхӕстӕй уагъд цыд горӕт Тарко-Салы

ЦХИНВАЛ, 20 ноя — Sputnik. Джиоты Дмитрий ссис сыгъзӕрин майданы хицау ӕппӕтуӕрӕсейон турниры греко-римаг хъӕбысхӕстӕй, хъусын кӕны Цӕгат Ирыстоны спорты министрады пресс-службӕ.

Хуссар Иры гимнасткӕтӕ рамбылдтой сыгъзӕрин майдан турниры Петербурджы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры гимнасткӕтӕ рамбылдтой сыгъзӕрин майдан турниры Петербурджы

Ӕппӕтуӕрӕсейон турнир греко-римаг хъӕбысхӕстӕй уагъд цыд горӕт Тарко-Салы.

"Финалон тохы 82 килограмм уӕзы категорийы ирон спортсмен рамбылдта Сомихы минӕвары ӕмӕ схызт кады пьедесталы уӕлдӕр къӕпхӕнмӕ", - дзырдӕуы хъусинаджы.

Пресс-службӕйы бафтыдтой, зӕгъгӕ, Джиоты Дмитрийы ерыстӕм бацӕттӕ кодтой тренертӕ Фӕрниаты Сослан ӕмӕ Хӕтӕгты Аслан.

Ног хабӕртты лентӕ
0