Ирон уӕгъдибар хъӕбысӕйхӕцӕг рамбылдта ӕхсӕнадӕмон турнир Турчы

Рафыссын
Яшар Догуйы Мемориал балхынцъ ис Стамбулы 12 январы. Ирон спортсмен архайдта 92 килограмм уӕзы категорийы

ЦХИНВАЛ, 13 янв — Sputnik. Цӕгатирыстойнаг спортсмен Ӕлборты Асланбег ссис Яшар Догуйы 48-ӕм Мемориалы уӕлахиздзау уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй, хъусын кӕны Цӕгат Ирыстоны спорты министрады пресс-службӕ.

Дзӕуджыхъӕуы марты ацӕудзӕн Федор Чудиновы тох - Sputnik Хуссар Ирыстон
Дзӕуджыхъӕуы марты ацӕудзӕн Федор Чудиновы тох

Ӕхсӕнадӕмон турнир уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй балхынцъ ис Стамбулы 12 январы. Ирон спортсмен архайдта 92 килограмм уӕзы категорийы.

"Ирон хъӕбысӕйхӕцӕг, кӕцы архайдта Азербайджаны командӕйы сконды, ссис турниры уӕлахиздзау 92 килограмм уӕзы категорийы, финалон тохы уый рамбылдта Гуырдзыстоны минӕвар Давид Марсагишвилийы", - дзырдӕуы хъусинаджы.

Ӕлборты Асланбег у 2017 азы дунейы чемпионаты бронзӕйон призер, 2011 азы Европӕйы чемпион ӕвзӕнгты хсӕн.

Ног хабӕртты лентӕ
0