Золойты Спартак фæбаддзæн ахæстоны æхсæз азы йе' мкъайы фæнæмыны тыххæй

Рафыссын
Чызджы йæ раздæры æмкъай фæкодта фыднад, уый фæстиуæгæн райста бирæ уæззау травмæтæ, ныцъцъæлтæ сты йе стджытæ, йæ сæргæхц

ЦХИНВАЛ, 21 фев — Sputnik. Дуне æмæ Европæйы экс-чемпион армрестлингæй Золойты Спартакæн аскъуыддзаг кодтой æхсæз азы карз режимы колонийы, йæ раздæры æмкъай Джиоты Ванданайы фыднад кæй фæкодта, уый тыххæй. Тæрхон бацыд йæ тыхы, хъусын кæны Ossetia.news, тæрхондоны йæ ратæдзæныл æнцойгæнгæйæ.

Фыдракæд æрцыд Дзæуджыхъæуы фарон июны. 34-аздзыд спортсмен æрбацыд йæ раздæры æмкъайы хæдзармæ æмæ хылы рæстæджы сылгоймаджы фæнадта.

Джиоты Вандана бахауд рынчындонмæ бирæ уæззау травмæтимæ, ныцъцъæлтæ сты йе стджытæ, йæ сæргæхц, бахъыгдард йæ магъз дæр.

Ног хабӕртты лентӕ
0