Дзӕуджыхъӕуы цӕрӕг басыгъта хӕдтулгӕ цалдӕр мин долларимӕ

© МВД по РСО-АДзӕуджыхъӕуы цӕрӕг басыгъта хӕдтулгӕ цалдӕр мин долларимӕ
Дзӕуджыхъӕуы цӕрӕг басыгъта хӕдтулгӕ цалдӕр мин долларимӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Барадхъахъхъӕнӕг органтӕ ӕрурӕдтой фыдгӕнӕджы – уымӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы фондз азы онг ахӕст

ЦХИНВАЛ, 10 мар - Sputnik. Дзӕуджыхъӕуы ӕвзонг нӕлгоймаг басыгъта дыууӕ хӕдтулгӕйы, уыдонӕй иуы мидӕг уыд ӕхсӕз мин доллары, хъусын кӕны Цӕгат Ирыстоны Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ.

© МВД по РСО-АДзӕуджыхъӕуы цӕрӕг басыгъта хӕдтулгӕ цалдӕр мин долларимӕ
Дзӕуджыхъӕуы цӕрӕг басыгъта хӕдтулгӕ цалдӕр мин долларимӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Дзӕуджыхъӕуы цӕрӕг басыгъта хӕдтулгӕ цалдӕр мин долларимӕ

Фӕдагурæн-оперативон къорд, кӕцы ӕрбацыд хӕдтулгӕты ссыгъды бынатмӕ, сбӕрӕг кодта, дыууӕ хӕдтулгӕйы дӕр барӕй кӕй басыгътой. Фыдгӕнӕджы агуырдмӕ ӕрбаздахтой Дзӕуджыхъӕуы полицийы кусджыты. Оперативон-сгарӕн мадзӕлтты фӕстиуӕгӕн, Ӕрхоны зылды районы полици ӕрурӕдта ӕвзонг нӕлгоймаджы.

"Фыдгӕнӕг разынд Дзӕуджыхъӕуы 27-аздзыд цӕрӕг, кӕцыйы раздӕр дӕр азымджын кодтой фыдракӕндты. Ӕвзонг нӕлгоймаг басаст йӕ фыдракӕндыл", - дзырдӕуы хъусинаджы.

Фыдгӕнӕджы бакодтой рӕстӕгмӕдарӕн изолятормӕ, уымӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы фондз азы онг ахӕст.

Ног хабӕртты лентӕ
0