Miyagi ӕмӕ Andy Panda снывонд кодтой сӕ ног зарӕг дзӕуджыхъӕуккаг рынчын чызгӕн

© Hajime RecordsMiyagi & Andy Panda - Freeman
Miyagi & Andy Panda - Freeman - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Andy Panda куыд банысан кодта, афтӕмӕй зарӕг нывонд у Персаты Арнеллайӕн ӕмӕ ӕндӕр сывӕллӕттӕн, кӕцыты тох кӕнынц уӕззау низтимӕ

ЦХИНВАЛ, 3 апр – Sputnik. Зарӕггӕнджытӕ Куыдзаты Азӕмӕт ӕмӕ Бурнацты Сослан, кӕцытӕ райстой псевдонимтӕ Miyagi ӕмӕ Andy Panda, снывонд кодтой сӕ ног зарӕг "Utopia" рынчын чызгӕн Ирыстонӕй Персаты Арнеллайӕн, кӕцыйы хъӕуы зынаргъ хоскӕнынад.

"Ацы трек мах ныффыстам цалынмӕ Арнеллайы тыххӕй базыдтам, уӕдмӕ. Уый фӕдыл абон ацы зарӕджы ныхӕстӕн ис ноджы фылдӕр мидис, ноджы тынгдӕр баззайынц хъуыдыйы", - ныффыста Instagram-ы йӕ фарсыл Бурнацты Сослан.

Зарӕггӕнӕг банысан кодта, зарӕджы дзырд кӕй цӕуы идеалон ӕхсӕнадыл, цы ран сывӕллӕтты цӕрдтӕ сты ӕнӕаргъ.

"Мах нывонд кӕнӕм ацы зарӕг Персаты Арнеллайӕн ӕмӕ ӕндӕр сывӕллӕттӕн, кӕцытӕ тох кӕнынц уӕззау низтимӕ", - ныффыста уый.

Музыкантты фанатты зӕрдӕмӕ тынг фӕцыд ацы зарӕг.

Амӕйразмӕ рэпертӕ ӕрурӕдтой сӕ балц европейаг горӕттӕм коронавирусы тыххӕй. Сӕ концерттӕ цы ӕхцатӕ хъуамӕ бакуыстаиккой, уыдон нывӕндысты раттын чызджы бинонтӕн.

Ног хабӕртты лентӕ
0