Цӕгат Иры коронавирусӕй фӕрынчынуӕвджыты нымӕц схызт фарастмӕ

© REUTERS / ATHIT PERAWONGMETHAКоронавирус
Коронавирус - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цӕгат Ирыстоны къухдариуӕгад адарддӕр кодта хисӕрмагонд изоляцийы режим 19 апрелы онг. Цӕрджытытӕм ӕрсидтысты ма хизын уынгмӕ ӕнӕ ӕнӕмӕнгхъӕуындзинадӕй

ЦХИНВАЛ, 7 апр — Sputnik. Цӕгат Ирыстоны иу суткӕмӕ сбӕрӕг кодтой коронавирусӕй ноджы иу фӕрынчынуӕвӕджы, хъусын кӕны регионы Роспотребнадзор.

Республикӕйы фӕрынчынуӕвджыты нымӕц схызт фарастмӕ.

"Дыццӕджы райсоммӕ сбӕрӕг кодтой ног коронавирусон инфкцийӕ 9 фӕрынчынуӕвӕджы", - дзырдӕуы хъусинаджы.

Республикӕйы медицинон хъусдарды бын сты 683 адӕймаджы, медицинон хъусдардӕй систой 852 адӕймаджы.

Цӕгат Ирыстоны хисӕрмагонд изоляцийы режим, кӕцыйы рӕстӕджы нӕй гӕнӕн хӕдзӕрттӕй хизын ӕнӕ ӕнӕмӕнгхъӕуындзинадӕй, адарддӕр кодтой 19 апрелы онг.

Ног хабӕртты лентӕ
0