Туристты ирондзинадимӕ зонгӕ кӕнын: Цӕгат Иры фӕзынд ног туроператор

Рафыссын
Туристон фæндæгтæ фидаргонд æрцыдысты фæлхасадон домæнтæ хынцгæйæ, ис дзы бæстæзонæн къахвæндæгтæ дæр

ЦХИНВАЛ, 16 июл – Sputnik. Цӕгат Ирыстоны фӕзынд ног туроператор "Эверест". Къорд кусы ногдзинæдтæ базоныныл æмæ туристты Ирыстоны историимæ зонгæ кæныныл, хъусын кӕны ПТРК "Алания".

Туристон компанийы кусы цалдæр амонæджы, уыдон аразынц, ныры онг республикæйы чи нæма уыд, ахæм тематикон балцытæ дæр.

"Ахæм балцыты фылдæр базонынц Ирыстоны истори, нæ фыдæлты царды тыххæй. Кавказы, уыимæ та Ирыстоны ис бирæ цымыдисаг, ныронг кæронмæ бæрæггонд чи не рцыдысты, ахæм бынæттæ. Æмæ туроператор йæ уазджыты ахуыдта ног фæндæгтыл. Сфидар кодтой тематикон туртæ дæр", - дзырдӕуы хъусинаджы.

Туристон фæндæгтæ фидаргонд æрцыдысты фæлхасадон домæнтæ хынцгæйæ. Ис дзы бæстæзонæн къахвæндæгтæ дæр. Æдæппæй сты 15, уыдонæй дыууӕ сты горæты, се хсӕн хæстон намысы бынæттæ.

Туристон операторты нымæц кæны фылдæр, зæгъынц республикон комитеты. Пандемийæйы рæстæг бирæ туристон агентадтæ кусын райдыдтой республикæйæн йæхи мидæг æмæ уый хъуамæ хуыздæрырдæм фæзына ацы къабазы райрæзтыл.

Хииппæрды мæйтæ сæ фæд ныууагътой алы къабазы дæр, фæлæ ахæм уавæрты дæр, специалистты хъуыдымæ гæсгæ, ис бынæттон туризм æмæблгæ æмвæзадмæ ракæнын.

Ног хабӕртты лентӕ
0