Авд рынчыны иу суткӕмӕ: коронавирусимӕ уавӕр Цӕгат Иры

© Sputnik / Ольга Смольская /  Ахизын медиабанкмæКоронавирус
Коронавирус - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Республикӕйы 6 августы райсоммӕ сбӕрӕг кодтой COVID-19-ӕй 4611 фӕрынчынуӕвӕджы, уыдонӕй 4119 сӕнӕниз сты, 67 адӕймаджы амардысты

ЦХИНВАЛ, 6 авг — Sputnik. Цӕгат Ирыстоны ивгъуыд суткӕйы рабӕрӕг кодтой коронавирусӕй авд ног рынчыны. Цыппӕрӕмы райсоммӕ бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ республикӕйы сбӕрӕг кодтой COVID-19-ӕй 4611 фӕрынчынуӕвӕджы, хъусын кӕны Роспотребнадзор.

Цхинвалы рынчындон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры медиктӕн фиддонтӕ адарддӕр кодтой августы кӕронмӕ

- 384 адӕймаджы сты амбулаторон хоскӕнынады.

- 41 адӕймаджы хос кӕнынц республикӕйы медицинон уагдӕтты.

- 4119 адӕймаджы сӕнӕниз сты.

- 67 адӕймаджы амардысты.

Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады ӕппӕтдунейон организаци 11 марты фехъусын кодта, ног коронавирус COVID-19 кӕй у пандеми. Коронавирусӕй фӕрынчын сты 18,5 милуан адӕймагӕй фылдӕр, 700 мин рынчынӕй фылдӕр амардысты.

Ног хабӕртты лентӕ
0