Цӕгат Иры сбӕрӕг кодтой коронавирусӕй аст ног рынчыны

© Sputnik / Виталий Тимкив /  Ахизын медиабанкмæКоронавирус
Коронавирус - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Республикӕйы 12 августы райсоммӕ бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ ис COVID-19-ӕй 4650 фӕрынчынуӕвӕджы, уыдонӕй 4192 адӕймаджы сӕнӕниз сты, 67 амардысты

ЦХИНВАЛ, 12 авг - Sputnik. Цӕгат Ирыстоны ивгъуыд суткӕйы рабӕрӕг кодтой коронавирусӕй аст ног рынчыны. Бон раздӕр коронавирус бахӕцыд 7 адӕймагыл. Ӕртыццӕджы райсоммӕ фӕрынчынуӕвджыты иумӕйаг нымӕц у 4650, фехъусын кодтой Роспотребнадзоры.

Цхинвалы рынчындон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры нал ис коронавирусӕй рынчынтӕ

- 360 адӕймаджы сты амбулаторон хоскӕнынады.

- 31 адӕймаджы хос кӕнынц республикӕйы медицинон уагдӕтты.

- 4192 адӕймаджы сӕнӕниз сты.

- 67 адӕймаджы амардысты.

Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады ӕппӕтдунейон организаци 11 марты фехъусын кодта, ног коронавирус COVID-19 кӕй у пандеми. Коронавирусӕй фӕрынчын сты 20 милуан адӕймагӕй фылдӕр, 740 мин рынчынӕй фылдӕр амардысты.

Ног хабӕртты лентӕ
0