Ирон теннисист ссис турниры уӕлахиздзау Чехийы

Рафыссын
Турниры фӕстиуджытӕм гӕсгӕ Хъӕрӕцаты Аслан схиздзӕн АТР рейтингы 114-ӕм бынатмӕ. Йӕ раздӕры ӕнтыст уыд – рейтингы 140 бынат

ЦХИНВАЛ, 7 сен — Sputnik. Ирон теннисист Хъӕрӕцаты Аслан ссис челленджер серийы турниры уӕлахиздзау Чехийы, хъусын кӕны 15-ӕм Регион.

Порталы информацимӕ гӕсгӕ, Хъӕрӕцаты Аслан финалы рамбылдта немыцаг Оскар Оттейы 6:4, 6:2 хыгъдӕй. Фембӕлд цыд иу сахат ӕмӕ 19 минуты.

Посмотреть эту публикацию в Instagram

Публикация от ATP Challenger Tour (@atpchallengertour)

Хъӕрӕцаты Асланӕн уый уыд йӕ 10 уӕлахиз фӕд-фӕдыл. Турниры фӕстиуджытӕм гӕсгӕ теннисист схиздзӕн АТР рейтингы 114-ӕм бынатмӕ. Йӕ раздӕры ӕнтыст уыд – рейтингы 140 бынат.

Ног хабӕртты лентӕ
0