Цӕгат Иры фервӕзын кодтой комы фӕдзӕгъӕлуӕвӕг туристкӕты

© Sputnik / Азамат КулумбеговДыгургом
Дыгургом - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Екатеринбургаг туристкӕтӕ ацыдысты хӕхтӕм ӕнӕ инструкторӕй - уыдон сфӕнд кодтой цыбыртыл ацӕуын ӕмӕ, фӕндаг нӕ зонгӕйӕ, фӕдзӕгъӕл сты. Чызджыты бахъуыд ӕххуысмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсын 10 сахатӕй фылдӕр

ЦХИНВАЛ, 23 сен — Sputnik. Цӕгат Ирыстоны барадхъахъхъӕнӕг органты кусӕг Габеты Руслан фервӕзын кодта дыууӕ студенткӕйы Екатеринбургӕй, кӕцытӕ фӕдзӕгъӕл сты Дыгургомы, хъусын кӕны республикӕйы МХМ.

Цӕгат Иры хӕхты фервӕзын кодтой Петербургаг альпинисты - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цӕгат Иры хӕхты фервӕзын кодтой Петербургаг альпинисты

Туристкӕтӕ ацыдысты хӕхтӕм ӕнӕ инструкторӕй, комы ма нӕй телефонон бастдзинад дӕр. Чызджытӕ сфӕнд кодтой цыбыртыл ацӕуын ӕмӕ, фӕндаг нӕ зонгӕйӕ, фӕдзӕгъӕл сты. Фӕрацу-бацу кодтой дӕс сахатӕй фылдӕр - талынгты онг, стӕй сарт кодтой ӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кастысты ӕххуысмӕ.

"Райсомӕй туристкӕтӕм ӕххуысмӕ фӕзынд фадыгон полицӕйаг Габеты Руслан, кӕцы сӕ ахизын кодта цӕугӕдон Урухы сӕрты ӕмӕ сӕ ӕркодта фӕстӕмӕ хъӕумӕ", - дзырдӕуы хъусинаджы.

Цауы фӕстӕ чызджытӕ ныффыстой бузныджы фыстӕг Мидхъуыддӕгты министр Михаил Скоковы номыл, цы ран банысан кодтой, сӕ былцӕн кӕй уыдаид мӕгуырау фӕстиуджытӕ, Ирӕфы районы фадыгон инспектор куы нӕ уыдаид, уӕд.

Ног хабӕртты лентӕ
0