Цӕгат Иры иу суткӕмӕ сбӕрӕг кодтой коронавирусӕй 50 рынчыны

© Sputnik / Алексей Майшев /  Ахизын медиабанкмæКоронавирус
Коронавирус - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Пандемийы рӕстӕджы республикӕйы рабӕрӕг кодтой 6701 рынчыны коронавирусӕй, уыдонӕй 5740 адӕймаджы сӕнӕниз сты, 70 амардысты

ЦХИНВАЛ, 21 окт — Sputnik. Цӕгат Ирыстоны ивгъуыд суткӕйы сбӕрӕг кодтой коронавирусӕй 50 ног рынчыны. Фӕрынчынуӕвджыты иумӕйаг нымӕц у 6701, фехъусын кодтой Роспотребнадзоры.

Плиты Александр - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры сӕйраг реаниматолог саргъ кодта коронавирусимӕ уавӕрӕн

- 863 адӕймаджы сты амбулаторон хоскӕнынады.

- 28 адӕймаджы хос кӕнынц республикӕйы медицинон уагдӕтты.

- 5740 адӕймаджы сӕнӕниз сты.

- 70 адӕймаджы амардысты.

Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады ӕппӕтдунейон организаци 11 марты фехъусын кодта, ног коронавирус COVID-19 кӕй у пандеми. Коронавирусӕй фӕрынчын сты 40 милуан адӕймагӕй фылдӕр, 1,1 милуан рынчынӕй фылдӕр амардысты.

Ног хабӕртты лентӕ
0