52 рынчыны иу суткӕмӕ: коронавирусимӕ уавӕр Цӕгат Иры

© Sputnik / Максим Богодвид /  Ахизын медиабанкмæПандеми
Пандеми - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Пандемийы рӕстӕджы республикӕйы рабӕрӕг кодтой 6753 рынчыны коронавирусӕй, уыдонӕй 5788 адӕймаджы сӕнӕниз сты, 70 амардысты

ЦХИНВАЛ, 22 окт — Sputnik. Цӕгат Ирыстоны ивгъуыд суткӕйы сбӕрӕг кодтой коронавирусӕй 52 ног рынчыны, бон раздӕр хъусын кодтой 50 ног рынчыны тыххӕй. Фӕрынчынуӕвджыты иумӕйаг нымӕц республикӕйы ныридӕгӕн у 6753, фехъусын кодтой Роспотребнадзоры.

- 838 адӕймаджы сты амбулаторон хоскӕнынады.

- 57 адӕймаджы хос кӕнынц республикӕйы медицинон уагдӕтты.

- 5788 адӕймаджы сӕнӕниз сты.

- 70 адӕймаджы амардысты.

Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады ӕппӕтдунейон организаци 11 марты фехъусын кодта, ног коронавирус COVID-19 кӕй у пандеми. Коронавирусӕй фӕрынчын сты 41 милуан адӕймагӕй фылдӕр, 1,1 милуан рынчынӕй фылдӕр амардысты.

Ног хабӕртты лентӕ
0