Цӕгат Иры 3,7 мин адӕймаджы баззадысты ӕнӕ куыстӕй пандемийы тыххӕй

© Sputnik / Ольга Смольская /  Ахизын медиабанкмæГӕдиаты Секъа
Гӕдиаты Секъа - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цӕгат Ирыстоны хицауад 1 мартӕй бакодта арӕнӕвӕрдон мадзӕлттӕ коронавирусы тыххӕй, 15 июнӕй та регионы райдыдтой исын уыцы арӕнӕвӕрдтӕ

ЦХИНВАЛ, 23 окт — Sputnik. Цӕгат Ирыстоны 3692 адӕймаджы фесӕфтой сӕ куыст арӕнӕвӕрдон мадзӕлтты тыххӕй. Уый тыххӕй хъусын кӕны ПТРК "Алания" цӕрджыты фӕллойады фӕдыл комитеты сӕрдар Платы Альбинайы ныхӕстыл ӕнцойгӕнгӕйӕ.

Ныртӕккӕ ӕгуыст адӕмы нымӕц фӕкъаддӕр 385 адӕймаджы бӕрц. "Уӕлӕмхасӕн мадзӕлттӕ" программӕйы фӕлгӕтты арӕзт цӕуынц ног кусӕн бынӕттӕ.

"311 адӕймагӕн ссардтам куыст 3 мӕймӕ ӕмӕ 200 адӕймагӕн та, кӕцыты фӕнд кӕнынц ацух кӕнын сӕ куыстӕй, дарддӕр кусдзысты декабры ӕмбисы онг", - банысан кодта Платы Альбина.

Фылдӕр бӕрцӕй уый у рӕстӕгмӕ ӕмӕ сезонон куыст. Куыст ссарыны фӕдыл уӕлӕмхасӕн мадзӕлттӕн федералон бюджетӕй рахицӕн кодтой 22 милуан 600 мин сомы.

Ног хабӕртты лентӕ
0