Иу суткӕмӕ 70 ног рынчыны: коронавирусимӕ уавӕр Цӕгат Иры

© Sputnik / Антон Вергун /  Ахизын медиабанкмæКовид-госпиталь
Ковид-госпиталь - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Пандемийы рӕстӕджы республикӕйы рабӕрӕг кодтой 8105 рынчыны коронавирусӕй, уыдонӕй 7185 адӕймаджы сӕнӕниз сты, 73 амардысты

ЦХИНВАЛ, 12 ноя - Sputnik. Цӕгат Ирыстоны ивгъуыд суткӕйы сбӕрӕг кодтой коронавирусӕй 70 ног рынчыны, бон раздӕр хъусын кодтой 71 фӕрынчынуӕвӕджы тыххӕй. Рынчынты иумӕйаг нымӕц республикӕйы ныридӕгӕн у 8105, фехъусын кодтой Роспотребнадзоры.

- 641 адӕймаджы сты амбулаторон хоскӕнынады.

- 206 адӕймаджы хос кӕнынц республикӕйы медицинон уагдӕтты.

- 7185 адӕймаджы сӕнӕниз сты.

- 73 адӕймаджы амардысты.

Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады ӕппӕтдунейон организаци 11 марты фехъусын кодта, ног коронавирус COVID-19 кӕй у пандеми. Коронавирусӕй фӕрынчын сты 51 милуан адӕймагӕй фылдӕр, 1,2 милуан рынчынӕй фылдӕр амардысты.

Ног хабӕртты лентӕ
0