Дзӕуджыхъӕуы аварийы бахъыгдард сты дыууӕ адӕймаджы

© Sputnik / Наталья Селиверстова /  Ахизын медиабанкмæПолици ӕмӕ тагъд ӕххуыс
Полици ӕмӕ тагъд ӕххуыс - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Шофыр не сырӕхст скъӕрын – хӕдтулгӕ ахызт фӕндагӕй ӕмӕ сӕмбӕлд фӕндаггӕрон электрохызӕджы цӕджындзыл. Цауы фӕстиуӕгӕн бахъыгдард сты дыууӕ адӕймаджы

ЦХИНВАЛ, 20 ноя - Sputnik. Цӕгат Ирыстоны Ӕрыдоны районы ӕрцыд фӕндагон-транспортон цау. Автомобиль ВАЗ 2106 не сырӕхст скъӕрын, рахызт фӕндагӕй ӕмӕ сӕмбӕлд фӕндаггӕрон электрохызӕджы цӕджындзыл. Уый тыххӕй хъусын кӕны 15 регион, республикӕйы МХМ информацийыл ӕнцойгӕнгӕйӕ.

Цауы фӕстиуӕгӕн бахъыгдард сты дыууӕ адӕймаджы

"Шофыр 1994 азы гуырд ӕмӕ пассажиры 1993 азы гуырд баластой Ӕрыдоны централон рынчындонмӕ", – радзырдтой уагдоны.

Уый размӕ та ноджы иу фӕндагон-транспортон фыдбылыз ӕрцыд Дзӕуджыхъӕуы центры – хӕдтулгӕ Toyota" ныццавта фистӕгӕйцӕуджыты хизӕныл карджын сылгоймаджы.

Ног хабӕртты лентӕ
0