Цӕгат Иры ноджы дыууӕ адӕймаджы фӕзиан сты коронавирусӕй

© Sputnik / Илья Питалев /  Ахизын медиабанкмæТагъд ӕххуыс
Тагъд ӕххуыс - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ивгъуыд суткӕйы цӕгатирыстойнаг республикӕйы рабӕрӕг ис коронавирусӕй 80 ног рынчыны, хъусын кӕны Роспотребнадзор

ЦХИНВАЛ, 3 дек - Sputnik. Цӕгат Ирыстоны ивгъуыд суткӕйы амардысты дыууӕ адӕймаджы COVID-19 диагнозимӕ, хъусын кӕны РЦИ-Аланийы Роспотребнадзоры пресс-службӕ.

"Цӕгат Ирыстоны 3 декабры 8.00 сахатмӕйы бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ регистрации ӕрцыд 9682 (+ 79 иу суткӕмӕ) фӕрынчыны цауы ног коронавирусон инфекцийӕ", - банысан кодтой уагдоны.

Фӕрынчынуӕвджытӕй 217 адӕймаджы сты амбулаторон хоскӕнынадыл, 404 хос кӕнынц республикӕйы рынчындӕтты, бафтыдтой Роспотребнадзоры.

Ӕдӕппӕт пандемийы рӕстӕджы республикӕйы сӕнӕниз сты 8982 адӕймаджы. Вирусӕй фӕмардуӕвджыты нымӕц схызт 79 онг.

Ног хабӕртты лентӕ
0