Дзӕуджыхъӕуы ӕрцыд массон ФТЦ

© 15-й РегионДзӕуджыхъӕуы ӕрцыд массон ФТЦ
Дзӕуджыхъӕуы ӕрцыд массон ФТЦ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Фондз хӕдтулгӕйы хайадистӕй фӕндагон-транспортон цауы фӕстиуӕгӕн зианбаййафджытӕ нӕй

ЦХИНВАЛ, 7 дек – Sputnik. Дзӕуджыхъӕуы ӕрцыд фӕндагон-транспортон цау (ФТЦ) фодз хӕдтулгӕйы хайадистӕй. Уый тыххӕй "15-ӕм Регионӕн" фехъусын кодтой Цӕгат Ирыстоны Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕйы.

"Лада Гранта" хӕдтулгӕйы шофыр скъӕрдта Ирыстоны уынджы уылты Чапаевы уынгмӕ. Шофыр нӕ сырӕхст скъӕрын ӕмӕ сӕмбӕлд "ВАЗ-2112" хӕдтулгӕйыл, уый фӕстӕ "Лада Приора", "ВАЗ-2114" ӕмӕ "Ауди" хӕдтулгӕтӕ дӕр ссисты цауы хайадисджытӕ", - банысан кодтой уагдоны.

Цауы фӕстиуӕгӕн зианбаййафджытӕ нӕй.

Амӕйразмӕ Цӕгат Ирыстоны ӕрцыд мӕлӕтдзаг ФТЦ ӕнахъомты хайадистӕй. Трагеди ӕрцыд федералон автотрассӕ Транскамы цыппӕрӕм километрыл ӕртыццӕджы райсом.

Ног хабӕртты лентӕ
0