Тыхджын митуарды тыххӕй аргъӕвтой Дзӕуджыхъӕуы аэропорты рейстӕ

© Sputnik / Михаил ХасиевДзӕуджыхъӕуы аэропорт
Дзӕуджыхъӕуы аэропорт - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Боныгъӕд бандӕвта ӕрмӕст рейсты графикыл нӕ, фӕлӕ ма йӕ аххосӕй Цӕгат Ирыстоны фӕфылдӕр сты аваритӕ фӕндӕгтыл

ЦХИНВАЛ, 24 дек - Sputnik. Дзӕуджыхъӕуы ӕхсӕнадӕмон аэропорты аргъӕвтой рейстӕ тыхджын митуарды тыххӕй, хъусын кӕны "Фыццӕгӕм канал".

Митуард нӕ бандӕвта автотранспорты змӕлдыл Транскамы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Митуард нӕ бандӕвта автотранспорты змӕлдыл Транскамы – УУМ

Дысон изӕры ЮТэйр авиакомпанийы самолетӕн, кӕцы тахт Дзӕуджыхъӕумӕ Мӕскуыйӕ, 40 минуты дӕргъы фадат нӕ уыд ӕрбадын ӕвзӕр боныгъӕды тыххӕй. Фӕстӕдӕр самолетӕн бантыст ӕрбадын Минералон дӕтты аэропорты.

Дзӕуджыхъӕуы аэропорты куыд фехъусын кодтой "15-ӕм Регионӕн", афтӕмӕй пассажиртӕн радтой автобустӕ Дзӕуджыхъӕуы онг. Афтӕ ма аннӕ рейс "Дзӕуджыхъӕу – Мӕскуы" ацӕудзӕн Минералон дӕттӕй.

Нысангонд ӕрцыд, тыхджын митуард кӕй ссис бирӕнымӕц авариты аххосаг республикӕйы фӕндӕгтыл, Пятигорскы цур ӕвзӕр боныгъӕды тыххӕй фӕзынд уӕзласӕн хӕдтулгӕтӕй пробкӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0