Цӕгат Иры Роспотребнадзоры фехъусын кодтой ног бӕрӕггӕнӕнтӕ коронавирусы фӕдыл

© Sputnik / Илья Питалев /  Ахизын медиабанкмæКоронавирус
Коронавирус - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Республикӕйы пандемийы рӕстӕджы сбӕрӕг кодтой 14 381 фӕрынчынуӕвӕджы, уыдонӕй 13 646 сӕнӕниз сты, 115 адӕймаджы амардысты

ЦХИНВАЛ, 29 янв – Sputnik. Цӕгат Ирыстоны сбӕрӕг кодтой 65 ног рынчыны коронавирусӕй. Майрӕмбоны райсоммӕйы бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, фӕрӕнчынуӕвджыты иумӕйаг нымӕц у 14 381.

"Республикӕ Цӕгат Ирыстон-Аланийы 29 январы 8:00 сахатмӕ сбӕрӕг кодтой 14 381 (+65 иу суткӕмӕ) фӕрынчынуӕвӕджы коронавирусон инфекцийӕ", - фехъусын кодтой Роспотребнадзоры.

Фӕрынчынуӕвджытӕй 13 646 сӕнӕниз сты, 115 адӕймаджы та амардысты. Республикӕйы медицинон уагдӕтты хоскӕнынад цӕуынц 282 адӕймаджы, 338 адӕймаджы та сты амбулаторон хоскӕнынады.

Уӕрӕсейы иу суткӕмӕ коронавирус бахӕцыд 19 138 адӕймагыл. Пандемийы рӕстӕджы коронавирусӕй ӕдӕппӕт фӕрынчын сты 3 793 810 адӕймаджы, уыдонӕй 3 229 258 сӕнӕниз сты, 71 655 адӕймаджы та амардысты.

Ног хабӕртты лентӕ
0