Ирыстойнаг хъӕбысӕйхӕцӕг Таймӕзты Русланбег рамбылдта ЦКФЗ фыццагад

© 15-Й РЕГИОНИрыстойнаг хъӕбысӕйхӕцӕг Таймӕзты Русланбег рамбылдта ЦКФЗ фыццагад
Ирыстойнаг хъӕбысӕйхӕцӕг Таймӕзты Русланбег рамбылдта ЦКФЗ фыццагад - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 03.02.2021
Рафыссын
Кады пьедесталмӕ ма схызтысты Биазырты Гамлет, кӕцы рамбылдта ӕвзист майдан, ӕмӕ Кортиаты Артур, кӕцы рамбылдта бронзӕ

ЦХИНВАЛ, 3 фев - Sputnik. Таймӕзты Русланбег Цӕгат Ирыстонӕй ссис Цӕгат Кавказы федералон зылды (ЦКФЗ) фыццагады уӕлахиздзау уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй 18 азы кары онг фӕсивӕды хсӕн. Уый тыххӕй хъусын кӕны республикӕйы спорты министрады пресс-службӕ.

Ирон богалтӕ ссисты Дунейы кубокы призертӕ уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 18.12.2020
Ирон богалтӕ ссисты Дунейы кубокы призертӕ уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй

Таймӕзты Русланбег схызт кады пьедесталы уӕлдӕр къӕпхӕнмӕ 110 килограммы уӕзы категорийы. Таймӕзты Русланбегӕй дарддӕр ноджы дыууӕ ирыстойнаг спортсмены рамбылдтой хорзӕхтӕ.

Ӕвзист майдан рамбылдта Биазырты Гамлет (110 кг). Ерысты бронзӕйон призер та ссис Кортиаты Артур (110 кг). Спортсменты бацӕттӕ кодтой тренертӕ Лалыты Георгий, Лалыты Вадим, Кокойты Таймураз ӕмӕ Исахъты Георгий.

Ног хабӕртты лентӕ
0