Цӕгат Иры Роспотребнадзоры фехъусын кодтой ног бӕрӕггӕнӕнтӕ коронавирусы фӕдыл

© Sputnik / Валерий Мельников /  Ахизын медиабанкмæКоронавирус
Коронавирус - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 08.02.2021
Рафыссын
Республикӕйы пандемийы рӕстӕджы сбӕрӕг кодтой коронавирусӕй 14 596 фӕрынчынуӕвӕджы, уыдонӕй 14 148 адӕймаджы сӕнӕниз сты, 131 та амардысты

ЦХИНВАЛ, 8 фев – Sputnik. Цӕгат Ирыстоны ивгъуыд суткӕйы сбӕрӕг кодтой 51 ног рынчыны коронавирусӕй. 8 февральмӕ фӕрынчынуӕвджыты иумӕйаг нымӕц у 14 956.

"Цӕгат Ирыстоны 2021 азы 8 февральмӕ сбӕрӕг кодтой 14 956 фӕрынчынуӕвӕджы коронавирусӕй (+51 иу суткӕмӕ)", - фехъусын кодтой Роспотребнадзоры.

Фӕрынчынуӕвджытӕй 14 148 сӕнӕниз сты, 131 адӕймаджы та амардысты. Республикӕйы медицинон уагдӕтты хоскӕнынад цӕуынц 263 адӕймаджы, 414 адӕймаджы та сты амбулаторон хоскӕнынады.

Уӕрӕсейы иу суткӕмӕ коронавирус бахӕцыд 15 916 адӕймагыл. Пандемийы рӕстӕджы коронавирусӕй ӕдӕппӕт фӕрынчын сты 3 983 197 адӕймаджы, уыдонӕй 3 472 091 сӕнӕниз сты, 77 068 адӕймаджы та амардысты.

Ног хабӕртты лентӕ
0