Цӕгат Иры прокуратурӕ загъта Дзӕуджыхъӕуы супермаркеты срӕмыгъды аххосаг

© Sputnik / Анна КабисоваДзӕуджыхъӕуы супермаркеты срӕмыгъд
Дзӕуджыхъӕуы супермаркеты срӕмыгъд - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 12.02.2021
Рафыссын
Тыхджын срӕмыгъд ӕрцыд майрӕмбоны райсомӕй цӕгатирыстойнаг столицӕйы Гагкайы фырты уынгыл, уӕлвӕткон цауы фӕстиуӕгӕн ныппырх ис базарадон центры ӕртӕуӕладзыгон бӕстыхай

ЦХИНВАЛ, 12 фев — Sputnik. Развӕлгъау бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, Дзӕуджыхъӕуы супермаркеты срӕмыгъд ӕрцыд, газ кӕй хъуызын уый аххосӕй, хъусын кӕны 15 регион.

Тыхджын срӕмыгъд ӕрцыд майрӕмбоны райсомӕй цӕгатирыстойнаг столицӕйы Гагкайы фырты уынгыл, уӕлвӕткон цауы фӕстиуӕгӕн ныппырх ис базарадон центры ӕртӕуӕладзыгон бӕстыхай. Прокуратурӕ уадзы басгӕрст базарадон центры ныппырхы фӕдыл.

"Прокуророн басгӕрсты фӕстиуӕгӕн аргълӕвӕрд ӕрцӕудзӕн бӕрнон кусджыты архайдӕн, уымӕй дарддӕр ма сбӕрӕг кӕндзысты, куыд ӕххӕст цыдысты зынгсирвӕзтон, арӕзтадон ӕмӕ газы хӕтӕлты эксплуатацийы ӕдасдзинады домӕнтӕ", - дзырдӕуы хъусинаджы.

Дзӕуджыхъӕуы къухдариуӕггӕнджытӕ куыд фехъусын кодтой, афтӕмӕй ӕввахс районты цӕрджыты цард ӕмӕ ӕдасдзинадӕн ницы тас у. Сӕ куыст кӕнынц ахуырадон уагдӕттӕ ӕмӕ дзӕуджыхъӕуы социалон куыстуӕттӕ. Уымӕй дарддӕр базарадон объекттӕ дӕр кусынц штатон режимы.

© Sputnik . Анна КабисоваЦӕстӕйфенджытӕ радзырдтой срӕмыгъды тыхӕй
Цӕгат Иры прокуратурӕ загъта Дзӕуджыхъӕуы супермаркеты срӕмыгъды аххосаг - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 12.02.2021
Цӕстӕйфенджытӕ радзырдтой срӕмыгъды тыхӕй
Ног хабӕртты лентӕ
0