Дзæуджыхъæуы 58-аздзыд цæрæг æрлæудзæн тæрхондоны раз йæ зонгæйы амарыны тыххæй

Кард - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 15.03.2021
Рафыссын
Фæдагуырды версимæ гæсгæ, 2020 азы 23 ноябры нæлгоймаг уыд йæ зонгæйы фатеры. Карз нозты фæстиуæгæн хæдзары хицау æмæ йæ уазæджы хсæн бацайдагъ хъаугъа

ЦХИНВАЛ, 15 мар - Sputnik. Цæгат Ирыстоны рахастой зылынгæнæн хатдзæг 58-аздзыд нæлгоймаджы ныхмæ, кæцы азымджын цæуы йæ зонгæйы амарыны. Уый тыххæй хъусын кæны республикон прокуратурæйы пресс-службæ.

Фæдагуырды версимæ гæсгæ, 2020 азы 23 ноябры нæлгоймаг уыд йæ зонгæйы фатеры. Карз нозты фæстиуæгæн хæдзары хицау æмæ йæ уазæджы хсæн бацайдагъ хъаугъа. Хылы рæстæджы азымджын кардæй ныццавта йæ зонгæйы риу, цæфæй нæлгоймаг фæмард бынаты.

Угловон хъуыддаг сфидаргонд зылынгæнæн хатдзæгимæ æрвыст æрцыд Дзæуджыхъæуы Сæудæджерадон районон тæрхондонмæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0