Цӕгат Иры ацӕудзӕн егъау туристон форум

© Photo : 15-й РегионАрт-объект
Арт-объект - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 27.07.2021
Рафыссын
Мадзалмӕ хуынд ӕрцӕудзысты федералон спикертӕ, кӕцытӕ ратдзысты пайдаджын информаци бынӕттон амалиуӕггӕнджытӕ ӕмӕ инвестортӕн

ЦХИНВАЛ, 27 июл - Sputnik. Цӕгат Ирыстоны фӕнд кӕнынц ауадзын гуырахстджын форум, кӕцы нывонд уыдзӕн Цӕгат Кавказы федералон зылды туристон къабаз райтынг кӕнынӕн. Уый тыххӕй 15-ӕм Регион фехъусын кодта республикӕйы туризмы комитеты сӕрдары хӕдивӕг Салхъазанты Светлана. 

Карсанты Гурам: ирон адӕм туристтӕм уазджыты хуызӕн кӕсынц - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 03.06.2021
Карсанты Гурам: ирон адӕм туристтӕм уазджыты хуызӕн кӕсынц

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, мадзалмӕ хуынд ӕрцӕудзысты федералон спикертӕ, кӕцытӕ ратдзысты пайдаджын информаци бынӕттон амалиуӕггӕнджытӕ ӕмӕ инвестортӕн.

"Уынаффӕ кӕндзыстӕм кадрон фарстытыл, туризмы ӕдасдзинады фарстытыл, туристон инфраструктурӕ фӕхуыздӕр кӕныныл. Туризм хъӕуы райтынг кӕнын, ацы къабазыл хъӕуы серьезон куыст бакӕнын", - банысан кодта Салхъазанты Светлана.

Уый ма бафтыдта, июны республикӕмӕ ирон уӕлибыхты фестивалы фӕлгӕтты кӕй хъуамӕ фӕхуыдтаиккой уӕрӕсейаг блогертӕ ӕмӕ туроператорты.

"Нӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, уыдон социалон хызты сӕ публикациты руаджы кӕй аздахдзысты туристты хъусдард Ирыстонмӕ", - загъта комитеты сӕрдары хӕдивӕг.

Фӕлӕ коронавирусимӕ уавӕры тыххӕй, балхынцъ кодта уый, мадзал аргъӕвтой октябрьмӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0