Цæгат Ирыстоны бацæттæ кодтой цыппар ног динон туристон маршруты

© Сайт Богоявленского женского монастыряНузалы аргъуан
Нузалы аргъуан - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 27.07.2021
Рафыссын
Ног маршруттæ цæуынц цыппар бынатыл - Дзæуджыхъæу, Куырттаты ком, Мæздæг æмæ Алагирыл. Ныридæгæн снывыл кодтой маршрутты паспорттæ æмæ сæ арвыстой туроператортæм дарддæры реализацийæн

ЦХИНВАЛ, 27 июл - Sputnik. Цæгат Ирыстоны туризмы комитет бацæттæ кодта цыппар религиозон туристон маршруты, хъусын кæны "15-æм Регион" уагдоны сæргълæууæджы хæдивæг Салхъазанты Светланайыл æнцойгæнгæйæ.

Арт-объект - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 27.07.2021
Цӕгат Иры ацӕудзӕн егъау туристон форум

"Динон туризм у перспективон къабæзтæй иу, уымæй дарддæр ма нæм 2022 азы уыдзæн зæрдылдарæн бон — Аланийы донаргъуыды 1100 азы бон. Туризмы комитет Дзæуджыхъæуккаг Епархи æмæ чырыстон аргъуанимæ бацæттæ кодта цыппар религиозон туристон маршруты. Снывыл кодтой маршрутты паспорттæ, арвыстой сæ туроператортæм дарддæры реализацийæн", — загъта Салхъазанты Светлана.

Ног маршруттæ цæуынц цыппар бынатыл - Дзæуджыхъæу, Куырттаты ком, Мæздæг æмæ Алагирыл. Уымæй уæлдай, рагзагъдмæ гæсгæ, бæрæггонд цæудзысты, динон объекттæ кæм ис, уыимæ аргъуантæ, моладзандæттæ, уыцы бынæттæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0