Транскамыл хæдтулгæ сæмбæлд тоннелы бетонон гæрæныл

© 15-й РегионТранскамыл хæдтулгæ сæмбæлд тоннелы бетонон гæрæныл
Транскамыл хæдтулгæ сæмбæлд тоннелы бетонон гæрæныл - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 30.07.2021
Рафыссын
Аварион-ирвæзынгæнæн куыстыты архайдта сæрмагонд сконды цыппар адæймаджы æмæ техникæйы иунæг иуæг

ЦХИНВАЛ, 30 июл – Sputnik. Майрæмбоны Транскавказаг магистралы 61 километрыл æрцыд фæндагон-транспортон цау (ФТЦ) ВАЗ-21101 хæдтулгæйы архайдæй. Автотранспорты шофыр госпитализацигонд æрцыд Алагиры районы рынчындонмæ, хъусын кæны 15-æм Регион. 

"Аварийы бынатмæ æрвыст æрцыд зынгфæдисон-ирвæзынгæнæг 10-æм хайады радон хъарагъул. Бынаты куыд рабæрæг, афтæмæй шофыр нæ сырæхст скъæрын æмæ сæмбæлд тоннелы бетонон гæрæныл. Зынгфæдисонтæ хъыгдардбаййафæджы суæгъд кодтой, фыццаг æххуыс йын бакодтой æмæ йæ медицинон кусджыты бар бакодтой. Уымæй дарддæр, зынгфæдисонтæ хæдтулгæ тоннелæй ракодтой æмæ фæндаджы уæлцъары артаджы æрмæджытæ рахсадтой", – дзырдæуы Цæгат Ирыстоны æвирхъау цауты министрады пресс-службæйы хъусынгæнинаджы.

Аварион-ирвæзынгæнæн куыстыты архайдта сæрмагонд сконды цыппар адæймаджы æмæ техникæйы иунæг иуæг.

Ног хабӕртты лентӕ
0