Хъӕрмӕдоны фӕзынд граффити Сергей Бодров ӕмӕ бӕхты театр "Нарты" артистты нывтимӕ

© ТЕЛЕКОМПАНИЯ "ОСЕТИЯ-ИРЫСТОН"Хъӕрмӕдоны фӕзынд граффити Сергей Бодров ӕмӕ бӕхты театр "Нарты" артистты нывтимӕ
Хъӕрмӕдоны фӕзынд граффити Сергей Бодров ӕмӕ бӕхты театр Нарты артистты нывтимӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 19.10.2021
Рафыссын
Арт-объект саразыны хъуыды фӕзынд ӕхсӕнадон-патриотикон организации "Ирыстоны фӕсивӕд"-мӕ
ЦХИНВАЛ, 19 окт – Sputnik. Граффити кӕстӕр Сергей Бодровы хуызистимӕ фӕзынд Цӕгат Ирыстоны Хъӕрмӕдоны. Сарӕзтой йӕ республикӕйы ӕвзонг нывгӕнджытӕ, хъусын кӕны портал Осетия-Ирыстон.
бӕхты театр - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 24.09.2021
Ирд спектакльтӕ ӕмӕ хъайтартӕ: Цӕгат Иры бӕхты театр "Нартӕ" цӕттӕ кӕны ног сезонмӕ
Арт-объект саразыны хъуыды фӕзынд ӕхсӕнадон-патриотикон организации "Ирыстоны фӕсивӕд"-мӕ. Къӕдзӕхыл ма сныв кодтой бӕхты театр "Нартӕ"-йы артистты хуызисттӕ дӕр.
Цӕгат Ирыстоны Геналдоны комы 2002 азы 20 сентябры раскъуыд Хъолайы цъити. Трагедийы фӕстиуӕгӕн амардысты ӕмӕ ӕбӕрӕгӕй фесӕфтысты сӕдӕ адӕймагӕй фылдӕр. Се ‘хсӕн уӕрӕсейаг исӕн къорд режиссер ӕмӕ актер Сергей Бодровы сӕргълӕудӕй ӕмӕ бӕсхты театр "Нартӕ"-йы артисттӕ.
Ног хабӕртты лентӕ
0