Хуссар Ирыстоны мысынц Бесланы трагедийы амӕттӕгты

© Sputnik / Евгений Биятов /  Ахизын медиабанкмæХуссар Ирыстоны мысынц Бесланы трагедийы амӕттӕгты
Хуссар Ирыстоны мысынц Бесланы трагедийы амӕттӕгты - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны мысынц Беслӕны трагедийы бабынуӕвӕг ӕнахъом сабиты, сӕ ныййарджыты ӕмӕ ахуыргӕнджыты, афтӕ ма йӕ цард чи рауӕлдай кодта амынӕты уӕвӕг адӕмы ссӕрибар кӕныны сӕраппонд, уыдон рухс нӕмттӕ.

Цхинвал, 3 сен — Sputnik. Хуссар Ирыстоны алы къуымты дӕр уагъд цӕуынц Беслӕны трагедийы амӕттӕгты мысӕн мадзӕлттӕ. Фыдохы митинг уагъд ӕрцӕудзӕн Цхинвалы Мадымайрӕмы аргъуаны фӕзуаты, хайад дзы райсдзысты хицауады минӕвӕрттӕ, цӕрджытӕ, студенттӕ ӕмӕ сабитӕ, фехъусын кодта Sputnik президенты паддзахадон уынаффӕгӕнӕг Зассеты Жанна.

"Фыдохы мадзӕлттӕ Цхинвалы райдайдзысты Хъынцъымгӕнӕг зӕды цырты цур. Трагедийы амӕттӕгты рухс ном арынӕн арвмӕ суадздзысты 334 тымбылӕджы — раст уыйбӕрц адӕймаджы бабын сты Беслӕны скъолайы", — загъта паддзахадон уынаффӕгӕнӕг.

Номарӕн мадзӕлттӕ ма уагъд цӕуынц горӕты ӕмӕ районты скъолаты дӕр.

Хуссар Ирыстоны делегаци хицауад, парламент ӕмӕ ӕхсӕнады минӕвӕртты скондӕй хайад исы Беслӕны фыдохы мадзӕлтты.

Афтӕ ма ӕрдзон ресурсты комитеты сӕргълӕууӕг Бестауты Балайы инициативӕмӕ гӕсгӕ ӕхсӕнады разыдзинадӕй республикӕйы цӕдтӕй сӕ иу фаронӕй фӕстӕмӕ хӕссы Беслӕны теракты бабынуӕвӕг сабиты рухс ном.

Ныр ӕртыккаг бон Беслӕны мысынц 11 азы размӕ ӕрцӕугӕ трагедийы амӕттӕгты. Адӕм дидинтӕ, хъазӕнтӕ ӕмӕ донимӕ цӕуын Зӕдты сахармӕ ӕмӕ 1-ӕм скъолайы пырх бӕстыхаймӕ. Мысынц, спортзалӕй рацӕуын кӕмӕн нал бантыст ӕмӕ амынӕты уӕвӕг адӕмы ирвӕзынгӕнгӕйӕ чи бабын, уыдон. Ацы бонты Беслӕны уагъд цӕуынц акцитӕ, равдыстытӕ, уыдонӕн сӕ сӕйраг темӕ — терроримӕ тох.

Беслӕны трагеди ахаста 334 царды, уыдонӕн сӕ фылдӕр уыдысты ӕнахъом сабитӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0