Куыд цӕрой, кӕм цӕрой?

© Sputnik / Ада БагианХаребаты Исахъхъы уынджы 36-ӕм ӕртӕуӕладзыгонд хӕдзар
Харебаты Исахъхъы уынджы 36-ӕм ӕртӕуӕладзыгонд хӕдзар - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Харебаты Исахъхъы уынджы 36-ӕм ӕртӕуӕладзыгонд хӕдзары цӕрджытӕ тыхсынц сӕ ӕдзӕллаг уавӕрӕй ӕмӕ ӕбӕрӕг фидӕнӕй. Хӕдзар у аварион. Азӕй азмӕ кӕрӕдзи ивынц сӕрмагонд къамистӕ, фӕлӕ бӕстыхайы хъысмӕт скъуыддзаг нӕма ӕрцыд.

ЦХИНВАЛ, 10 сен — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Республикӕйы сӕйраг горӕты тӕккӕ центры, Цхинвалы историон хайы лӕууы зӕронд арӕзт бӕстыхай — ӕртӕ метры бӕрзӕндӕн цартӕ, рагон къултӕ, хӕдзары цымыдисон истори. Ацы хӕрзиуджытӕм ӕнӕкӕсгӕйӕ хӕдзары цӕрӕг 20 бинонтӕ сфӕлмӕцыдысты уӕззау уавӕртӕ ӕмӕ ӕбӕрӕг фидӕнӕй.

Харебаты Исахъхъы уынджы 36-ӕм ӕртӕуӕладзыгон хӕдзар арӕзт кӕд ӕрцыд, уый бӕлвырдӕй ничиуал зоны. Хӕдзары ас цӕрджыты ӕвдисӕнтӕм гӕсгӕ, ацы бӕстыхай гъӕдджын ӕмӕ бындуронӕй сарӕзтой 1931 азы немыцӕгтӕ, уӕд дзы уыд цавӕрдӕр ӕнахуыр къазармӕтӕ.

Аннӕ бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ та, Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕст куы райдыта, уӕд бӕстыхаййӕ сарӕзтой ӕфсӕддон рынчындон, уый фӕстӕ ам уыд ӕмдзӕрӕндон. Фӕстӕдӕр цадӕггай хатӕнтӕ иу кодтой ӕмӕ дзы сырӕзт 20 фатеры.

Хӕдзары аварион уавӕрмӕ ӕнӕкӕсгӕйӕ фатертӕй алкӕцыйы дӕр ис цӕрджытӕ, афтӕмӕй та дзы цалдӕр фатермӕ коммуникцитӕ дӕр нӕй уагъд. Бӕстыхай бавзӕрста рӕстӕджы ӕгъатыр ӕндӕвдад, хӕстытӕ ӕмӕ зӕххӕнкъуыстытӕ. Ӕрцыд ӕдзӕллаг уавӕрмӕ.

© Sputnik / Ада БагианХаребаты Исахъхъы уынджы 36-ӕм ӕртӕуӕладзыгонд хӕдзар
Аварийный дом на И.Харебова - Sputnik Хуссар Ирыстон
Харебаты Исахъхъы уынджы 36-ӕм ӕртӕуӕладзыгонд хӕдзар

Ныр тӕссаг уавӕрӕй куыд рахизой, уый фӕдыл иу хъуыдыйыл хӕст не ‘сты цӕрджытӕ сӕхӕдӕг дӕр. Иутӕ нымайынц, ацы бӕстыхайӕн капиталон цалцӕг дӕр фаг кӕй уыдзӕн, зӕгъгӕ бӕзджын къултӕ ӕмӕ туфӕн уый дӕр ӕгъгъӕд у. Аннӕты фӕнды, цӕмӕй зӕронд бӕстыхай ӕрцӕуа парх ӕмӕ йӕ бынаты сарӕзтӕуа ног.

"Иууыл тынгдӕр тыхсӕм, ӕбӕлвырд уавӕры кӕй стӕм, уымӕй. Мӕ муртӕ хӕдзар сцалцӕг кӕныныл куы ныххардз кӕнон ӕмӕ уый та халинаг хӕдзӕртты номхыгъдмӕ куы бахауа, уӕд мӕ хӕрдзтӕ дӕр дзӕгъӕлы куы фӕуой, уымӕй тӕрсын. Ӕргом дзуапп нын ничи дӕтты", — дзуры Элбакидзе Ирина.

Хӕдзары цӕрджытӕ æмуддзинад ӕвдисынц ӕрмӕстдӕр иу хъуыддаджы — уыдон Цхинвалы центрӕй сӕ цӕрӕнбынат фӕивыны фӕнд нӕ кӕнынц.

"Ног арӕзт Цӕгаттаг, науӕд та Хурзӕрины микрорайонтӕм ацӕуыныл разы стӕм ӕрмӕстдӕр рӕстӕгмӕ — цалынмӕ нын нӕ хӕдзары бынаты ног саразой, науӕд та йӕ сцалцӕг кӕной, уӕдмӕ. 2008 азӕй фӕстӕмӕ зилӕм уагдӕттыл, фӕлӕ ныфсытӕй дарддӕр хъуыддаг нӕ цӕуы", — банысан кодта хӕдзары цӕрӕг Яралов Игорь.

Бирӕуӕладзыгон хӕдзары бинонтӕй хицауадӕй йӕ ныфс кӕмӕн асаст ӕмӕ йӕ уавӕртӕ кӕй амыдтой, уыдон сӕхӕдӕг фатертӕм бауагътой коммуникацитӕ, сӕвӕрдтой хъармгӕнӕн системӕтӕ, бацалцӕг кодтой сӕ хатӕнтӕ.

Цӕрджытӕн сӕхи уавӕртӕ дӕр бӕргӕ хуыздӕр не сты, фӕлӕ сӕ сыхаг Хъоцыты Луизайы фыдӕбӕттӕм куы бакӕсынц, уӕд сӕхи зындзинӕдтӕ айрох кӕнынц. Сылгоймаг иунӕгӕй дары йӕ бинонты, йӕ сывӕллӕттимӕ цӕры, хӕсты нӕмыгӕй ма йӕ фатерӕй цы иу къуым аирвӕзт, уым.

Ӕртыккаг уӕладзыгыл цӕргӕйӕ йӕ хатӕны коммуникацитӕн сӕ кой дӕр нӕй, цыма йӕ 1932 азы куы сарӕзтой, уӕды дуджы аззад, афтӕ.

"Фӕнды уынджы цӕр, фӕнды ам. Мӕ фатеры дыууӕ хатӕнӕй иу 2008 азы хӕсты рӕстӕджы срӕмыгъд ныффӕлгӕрон кодта — хатӕнӕй гом тыргъ рацӕрӕзт. Афтӕ лӕууы ныр дӕр. Мӕ хъӕбултимӕ цӕттӕ дӕн Цӕгаттаг, кӕнӕ Хурзӕрины микрорайонтӕм ацӕуынмӕ, фӕлӕ мын уым дӕр къуым нӕ разынд. Горӕты администрацийы къӕсӕртӕ ныннадтон, фӕлӕ мын ӕххуысгӕнӕг нӕй", — дзуры Хъоцыты Луиза.

© Sputnik / Плиты ФатимаЛуиза йӕ сывӕллӕттимӕ цӕры, хӕсты нӕмыгӕй ма йӕ фатерӕй цы иу къуым аирвӕзт, уым.
Харебаты Исахъхъы уынджы 36-ӕм ӕртӕуӕладзыгонд хӕдзар - Sputnik Хуссар Ирыстон
Луиза йӕ сывӕллӕттимӕ цӕры, хӕсты нӕмыгӕй ма йӕ фатерӕй цы иу къуым аирвӕзт, уым.

 

Сылгоймаджы ныхӕстӕм гӕсгӕ, йӕ мызд — 12 мин сомы не ‘ххӕсы йӕ сывӕллӕтты дарыныл дӕр, ног фатер балхӕныныл та дзырд дӕр нӕ цӕуы.

"Цыма мыл советон киноныв "Бриллиантовая рука"-йы хъайтары ӕлгъыст ӕрцыд, афтӕ цӕрын, ӕрмӕстдӕр мӕм куыстмыздӕй дарддӕр никуыцӕй ницы хауы", — дзуры тыхст сылгоймаг.

Хӕдзары дыккаг уӕладзыджы цӕрӕг Лӕууойты Лев та кӕд йӕ хӕдзар капиталонӕй сцалцӕг кодта ӕмӕ йӕ бинонтыл ныр къултӕй сыджыт нал кӕлы, уӕддӕр фатермӕ бахизгӕйӕ къуымтӕ иууылдӕр сызмӕлынц.

"Фатер хорз цалцӕг у, фӕлӕ цартӕ хъӕдӕрмӕджы ӕнӕбары ӕхсныфтӕй конд сты, уымӕ гӕсгӕ, хӕдзармӕ бахизгӕйӕ люстрӕ цыма кафын райдайы", — загъта Лӕууойты Лев.

Ӕппӕт горӕт тыхст уавӕрты куы уаид, уӕд ма ацы цӕрджытӕ дӕр сӕ зындзинад быхсиккой. Фӕлӕ кӕд сыхаг бӕстыхӕйтты раивтой фӕрсӕгтӕ, агъуыстытӕ, ранӕй —рӕтты ивд цӕуынц бацӕуӕн дуӕрттӕ, уӕд цыма уыдон та Хуыцауӕй дӕр рох аисты, афтӕ цӕрынц.

Цхинвалы администрацийы Sputnik куыд фехъусын кодтой, афтӕмӕй тыхст адӕм сӕ проблемӕтимӕ ацӕрын бахъӕудзӕн нырма цалдӕр азы.

"Мах сфидар кодтам Цхинвалы аварион хӕдзӕртты номхыгъд. 2016 азы социалон —экономикон райрӕзты Инвестицион нывӕзты фӕлгӕтты арӕзт ӕрцӕудзысты цӕрӕн хӕдзӕрттӕ. Сӕ уарыны рӕстӕджы, хадзармӕ рады чи лӕууы, уыдон ӕмрӕнхъ кӕлӕддзаг хӕдзӕртты цӕрджытӕ дӕр бауыдзысты ног фатерты хицӕуттӕ ", — ныфс бавӕрдта мэр Ӕлборты Алан.

Кӕд ацы цӕрджыты хъысмӕт бынтондӕр никӕйуал ӕндавы, уӕд ма банысан кӕнинаг у уый дӕр, ӕмӕ бӕстыхайы ӕдзӕллаг хуыз кӕй халы Цхинвалы центры иумӕйаг бакаст дӕр.

Ног хабӕртты лентӕ
0