Хуссарирыстойнаг делегаци хайад исы Абхазы Уæлахизы боны цытджын мадзæлтты

© Sputnik / Ярин /  Ахизын медиабанкмæСухумы горӕт
Сухумы горӕт - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Абхазы æртыццæджы уагъд цæуынц бæрæгбонон мадзæлттæ Гуырдзыстоны ныхмæ Фыдыбæстæйон хæсты фæуæлахизыл 22 азы сæххæсты боны цытæн. Бæрæгбоны фæлгæтты Сухумы уагъд æрцæудзæн хуссарирыстойнаг паддзахадон ансамбль "Симд"-ы концерт.

ЦХИНВАЛ, 30 сен — Sputnik. Хуссар Ирыстоны минӕвӕрттӕ хайад исынц ӕфсымӕрон республикӕ Абхазы Уӕлахизы боны цытӕн мадзӕлтты.
Абхазы æртыццæджы нысан кæнынц Гуырдзыстоны ныхмæ хæсты фæуæлахизыл 22 азы сæххæсты бон.

Республикæйы уагъд цæуынц бæрæгбонон мадзæлттæ, уыдон нымæцы — ансамбль "Симд"-ы концерт, кæцы райдайдзæн изæрæй Абхазаг паддзахадон филармонийы.

Симд - Sputnik Хуссар Ирыстон
"Симд" Абхазы Уӕлахизы бон Сухумы ратдзӕн концерт

Бæрæгбонон мадзæлттæм хуынд æрцыдис Фæцæфуæвæг адæмы фонды делегаци, кæцытæ ссисты инвалидтæ Хуссар Ирыстоны хæстон архæйдтыты рæстæджы, фехъусын кодта фонды сæргълæууæг Плиты Мадинæ.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, дыццæджы делегациимæ фембæлд Абхазы президент Рауль Хаджимба, кæцы бахаста фæндон, цæмæй Хуссар Ирыстоны хæсты инвалидтæ реабилитаци рацæуой абхазаг санаторон-курортон центрты.

Бæрæгбонон мадзæлттæ райдыдтой Цыты мемориалмæ дидинтæ сæвæрынæй æмæ абхазаг столицæйы æфсæддон парадæй. Централон мадзал ссис театралон равдыст "Уæлахизы истори", цæй рæстæджы Сæрибардзинады фæзуаты Сухумы рывдыст æрцæудзæн Абхазы адæмы Фыдыбæстæйон хæсты истори иууылдæр, хъусын кæны Sputnik Абхазия.

Æфсæддон реконструкцийы элементтимæ театралон равдысты хайад райсдзысты 450 адæймагæй фылдæр, афтæ ма æфсæддон техникæ.

Фыдыбæстæйон хæст Абхазы райдыдта 1992 азы 14 августы, гуырдзиаг æфсад республикæмæ куы бабырста, уæд. Абхаз ацы архæйдтытæн саргъ кодта, куыд республикæйы территорийы оккупаци æмæ растад йæ суверенитет хъахъхъæнынмæ.

Æфсæддон архæйдтытæ адарддæр сты 413 боны æмæ фесты гуырдзиаг гарзджын тыхты басастыл. Абхазæгты æрдыгæй хæсты амæттæгтæ фесты æртæ мин адæймагæй фылдæр, фондз мин адæймагæй фылдæр райстой цæфтæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0