Ӕбӕрӕгӕй фесӕфӕг адӕмы хиуӕттӕ бабӕрӕг кодтой Алагиры моладзандон

© Sputnik / Тедети МаринаӔбӕрӕгӕй фесӕфӕг адӕмы хиуӕттӕ бабӕрӕг кодтой Алагиры моладзандон
Ӕбӕрӕгӕй фесӕфӕг адӕмы хиуӕттӕ бабӕрӕг кодтой Алагиры моладзандон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Алагиры сылгоймӕгты моладзандоны ӕбӕрӕгӕй фесӕфӕг адӕмы бинонтӕ скуывтой, цӕмӕй се ‘ввахс адӕмы хъысмӕт рабӕрӕг уа ӕмӕ сӕ хӕдзӕрттыл сӕрӕгасӕй сӕмбӕлой.

ЦХИНВАЛ, 2 ноя — Sputnik. Сырх дзуары ӕхсӕнадӕмон комитеты мисси Хуссар Ирыстоны сорганизаци кодта ӕбӕрӕгӕй фесӕфӕг ӕмбӕстӕгты бинонтӕн балц Алагиры сылгоймӕгты моладзандонмӕ, фехъусын кодта Sputnik уагдоны пресс-секретарь Тедеты Марина.

Балц арӕзт ӕрцыд Комитеты программӕ "Ӕбӕрӕгӕй фесӕфӕг ӕмбӕстӕгты бинонтӕн психологон ӕмӕ социалон ӕххуыс бакӕнын"-ы фӕлгӕтты.

"Аргъуанмӕ балц ӕмӕ иумӕйаг скуывдтытӕ ацы адӕмӕн ӕххуыс кӕнынц сӕ зындзинӕдтӕ быхсын ӕмӕ бирӕ ӕзты сӕ сӕфт хиуӕттӕм ӕнӕрхъӕцӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ сӕ ныфс нӕ сафын. Балцы хайад райстой 11 адӕймаджы", — банысан кодта Тедеты Марина.

Моладзандоны уагъд ӕрцыд Хуыцаумӕскуывд, бӕлцӕттӕ зӕдтӕй куырдтой сӕ ӕбӕрӕгӕй сӕфт хиуӕтты тыххӕй исты бӕрӕггӕнӕнтӕ базонын.
Моладзан Бестауты Георгия бӕлццӕттӕн радзырдта моладзандоны дӕлбар уӕвӕг реабилитацион центры тыххӕй, цыран ӕрвылаз дӕр фӕулӕфынц хуссарирыстойнаг сабитӕ дӕр.

Тедеты Маринӕйы ныхӕстӕм гӕсгӕ, ӕхӕм балцытӕ сыгъдӕг бынӕттӕм ссисты традицион. Майы мӕйы кӕрон та Комитет сорганизаци кодта иу ахӕм балц Фиагдоны нӕлгоймӕгты моладзандонмӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0