Премьер: РХИ ном раивынмæ хъæуы æрæвналын æвæстиатæй

© Sputnik / Ада БагианЦхинвал
Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цхинвалы уагъд æрцыд рабадт, цыран æрдзырдтой республикæйы ном раивыны фæдыл.

ЦХИНВАЛ, 21 янв — Sputnik. Хуссар Ирыстоны хицауады сæрдар Хъуылымбегты Доменти бахаста фæндон, цæмæй республикæйы ном раивыны фæдыл райдайа конкретон куыст, хъусын кæны президент æмæ хицауады прес-службæ.

28 декабры, йæ пресс-конференцийы рæстæджы, президент раразмæ кодта идейæ бæстæйы ном раивыны тыххæй ӕмӕ йӕ схонын "Республикæ Хуссар Ирыстон — Алани".

Президенты хæслæвæрдмæ гæсгæ Цхинвалы уагъд æрцыд хицауады æмбырд, цыран хайад райстой республикæйы политикон æмæ зонадон къабазты минæвæрттæ, афтæ ма юристтæ дæр.

"Хъуылымбегты Дооменти банысан кодта, паддзахады сæргълæууæджы хъæппæрисы ӕвварс кӕй рахӕцыд республикæйы æхсæнад æмæ кæй æрцыд рæстæг ацы фарсты фӕдыл конкретон къахдзæфтæ саразынæн", — банысан кодтой пресс- службæйы.

Премьеры ныхæстæм гæсгæ, хъæуы историкон рæстдзинад сфидар кæнын æмæ республикæйæн "Алани" ном раздахын, уымæн æмæ ирæттæ сты аланты фæдонтæ.

Хицауады сæрдар банысан кодта, республикæйы ном раивынмæ кæй хъæуы æрæвналын æвæстиатæй.

Ног хабӕртты лентӕ
0