00:00
01:00
02:00
03:00
04:00
05:00
06:00
07:00
08:00
09:00
10:00
11:00
12:00
13:00
14:00
15:00
16:00
17:00
18:00
19:00
20:00
21:00
22:00
23:00
00:00
01:00
02:00
03:00
04:00
05:00
06:00
07:00
08:00
09:00
10:00
11:00
12:00
13:00
14:00
15:00
16:00
17:00
18:00
19:00
20:00
21:00
22:00
23:00
Ирон эфир
08:00
3 Мин
Ирон эфир
08:30
3 Мин
Ирон эфир
09:00
3 Мин
Утро на Спутнике
Трамп планирует в пятницу встретиться с Зеленским в Белом доме
09:10
5 Мин
Главные темы
09:30
3 Мин
Главные темы
12:00
3 Мин
Главные темы
12:30
3 Мин
Главные темы
17:00
4 Мин
Главные темы
17:30
4 Мин
Ирон эфир
08:00
3 Мин
Ирон эфир
08:30
3 Мин
Ирон эфир
09:00
3 Мин
Ирон эфир
09:30
3 Мин
Утро на Спутнике
09:33
23 Мин
On air
12:00
3 Мин
О главном на Спутнике
Ушёл из жизни выдающийся композитор Тимур Харебов
12:07
5 Мин
О главном на Спутнике
Как устроена работа участковых терапевтов в Южной Осетии
12:13
23 Мин
О главном на Спутнике
Всемирный день студента
12:33
23 Мин
О главно на Спутнике
Путешествие по датам с Аланом Цховребовым
12:57
3 Мин
О главном на Спутнике
В Венгрии пройдет встреча Владимира Путина и Дональда Трампа
17:05
0 Мин
ЗнонАбон
Эфирмæ
Горӕт Цхинвал106.3
Горӕт Цхинвал106.3
Ленингоры район106.3

Хуссарирыстойнаг ӕмбӕстӕгты Абхазы баивтой гуырдзиаг ахӕстытыл

© Sputnik / Роберт ДжопуаАхӕстӕтты баивыны процесс уагъд ӕрцыд абхазаг-гуырдзыстойнаг арӕныл
Ахӕстӕтты баивыны процесс уагъд ӕрцыд абхазаг-гуырдзыстойнаг арӕныл - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ахӕстӕтты баивыны мадзалы хайад райстой Абхаз ӕмӕ Хуссар Ирыстоны фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министртӕ Вячеслав Чирикба ӕмӕ Цхуырбаты Хазбулат.

ЦХИНВАЛ, 10 мар — Sputnik. Хуссарирыстойнаг ӕмбӕстӕгты, кӕцытӕ 2005 азӕй фӕстӕмӕ уыдысты ахст Гуырдзыстоны ахӕстӕтты, баивтой цыппӕрӕмы Гуырдзыстоны ӕмбӕстӕгтыл, кӕцытӕн Абхазы тӕрхондон аскъуыддзаг кодта ахӕст. Ахӕстӕтты баивыны процесс уагъд ӕрцыд абхазаг-гуырдзыстойнаг арӕныл, бынатӕй хъусын кӕны Sputnik Абхазия уацхӕссӕг.

Мадзалы хайад райстой Абхаз ӕмӕ Хуссар Ирыстоны фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министртӕ Вячеслав Чирикба ӕмӕ Цхуырбаты Хазбулат.

"Хуссар Ирыстоны цыппар ӕмбӕстаджы Гуырдзыстоны спецслужбӕтӕ ӕрцахстой 2005 азы, уый фӕстӕ сын стӕрхон кодтой Гуырдзыстоны ахӕстӕтты цӕрӕмбонтӕм фӕбадын. Ахстуӕвджыты баивтой ӕртӕрдыгӕй. Ӕртӕ бӕстӕйы сӕргълӕуджытӕ бафыстой ӕмбӕлон барамындтӕ ныххатыр кӕныны фӕдыл ӕмӕ уый фӕрцы бантыст ссӕрибар кӕнын ахстуӕвджыты", — загъта Цхуырбаты Хазбулат.

Хуссар Ирыстоны цыппар ӕмбӕстаджы баивыны тыххӕй Абхазы президент бафыста барамынд Гуырдзыстоны ӕмбӕстӕгтӕй астӕн ныххатыр кӕныны фӕдыл, кӕцытӕн Абхазы тӕрхондон суынаффӕ кодта уӕззау фыдракӕндты тыххӕй, уыдон ӕхсӕн шпионаж ӕмӕ диверсион-террористон акттӕ саразыны тыхӕй ахӕстоны бадын.

 

Ног хабӕртты лентӕ
0