ЦХИНВАЛ, 21 окт — Sputnik, Козаты Дианӕ. Президент Тыбылты Леонид майрӕмбоны радта Хетӕгкаты Къостайы паддзахадон преми. Ацы аз лауреаттӕ ссисты фондз адӕймаджы литературӕ, историкон зонӕдты, филологи ӕмӕ публицистикӕйы къабӕзты. Къостайы преми у 250 мин сомы бӕрц.
Хорзӕхтӕ раттыны церемонимӕ Тыбылты Леонид ӕрбацыд зындгонд цӕгатирыстойнаг дизайнер Гӕбӕраты Лизӕйы хуыд ирон националон хӕдоны.
Уый банысан кодта, стыр кадыл кӕй нымайы абон ацы премийӕ зонад ӕмӕ сфӕлдыстады ахӕм хъуыстгонд адӕмы хорзӕхджын кӕнын.
"Уый у тынг кадджын мисси. 12 октябры, поэты райгуырӕн бонӕй цалдӕр бон раздӕр къамисы рабадты рӕстӕджы райстӕуыд уынаффӕ Къостайы преми раттыны тыххӕй, 14 октябры та бафыст ӕрцыд указ", — загъта президент.
Литературӕйы къабазы ацы аз премийы хицау бацис Плиты Гацыр йӕ чингуытӕ — "Ирон литературӕйы истори" ӕмӕ "Къостайы дуне"-йы тыххӕй.
Историкон зонӕдты къабазы хорзӕхджын ӕрцыд Зонад-Иртасӕн институты кусӕг Бигъуылаты Иринӕ йӕ чиныг "Хетӕгкаты Леуаны фырт Къоста: зонадон биографи"-йы тыххӕй.
Филологийы къабазы та премийы хицау ссис Кокойты Теймураз йӕ куыст "Русско-осетинский энциклопедический словарь по биологии и медицине. Неологизмы и система терминов"-ы тыххӕй.
Публицистикӕйы къабазы премийы лауреаттӕ ссисты Тедеты Заирӕ ӕмӕ Хъодалаты Хансиат журнал "Русское слово в Южной Осетии"-йы тыххӕй.
Премиты лауреаттӕ загътой бузныг президент ӕмӕ Къамисы уӕнгтӕн сӕ куыстытӕн ахӕм бӕрзонд аргълӕвӕрды тыххӕй ӕмӕ банысан кодтой премийы лауреатты ном сыл кӕй ӕвӕры ноджы фылдӕр бӕрн ӕмӕ сын дӕтты фылдӕр тыхтӕ фылдӕр ӕмӕ ӕнувыддӕрӕй кусынӕн.
ХИПУ-ы лектор Кокойты Теймураз загъта, кӕй йӕ фӕнды премийы ӕмбис сис кӕнӕ монументыл бахардз кӕнын, цы ран уаиккой фыст зындгонд ирӕтты, ирон нацийы кад бӕрзӕндты чи систа, уыцы ахуыргӕндты, фысджыты, нывгӕнджыты нӕмттӕ.
"Мӕ нымадмӕ гӕсгӕ, ахӕм нӕмттӕ, куыд Джыккайты Шамил ӕмӕ Гобозты Валерий, кӕцыйӕн мах нырма ӕмбӕлон аргъ не ′скодтам, хъуамӕ бацахсой кадджын бынат уыцы номхыгъды", — загъта уый.
Къамисы уӕнг Битарты Зойӕ банхъардта, цӕмӕй ӕвӕрд ӕрцӕуа бындур Абайты Уасойы премийӕн дӕр — зонадон кусджытӕн хицӕнӕй.
"Банысан кӕнут, ацы аз Къостайы преми лӕвӕрд кӕй не ′рцыд аивады къабазы. Ӕз мӕхӕдӕг хъӕлӕс радтон ирон адӕмы геноциды тыххӕй фильм "Ирон Вандея"-йӕн. Разы дӕн, кӕронмӕ йыл бакуыст не ′рцыд. Фӕлӕ уый ӕмрӕстӕджы уый у фыццаг къахдзӕф ацы къабазы. Уымӕ гӕсгӕ, нымайын Абайты Уасойы преми саразын ӕмӕ дзы хорзӕхджын кӕнын зонадон архайджыты, Къостайы преми та — аивад, литературӕ, сфӕлдыстады къабазты", — загъта уый.
Тыбылты Леонид ацы хъӕппӕристӕ банымадта хорзыл ӕмӕ дзырд радта, хицауадимӕ кӕй ӕруынаффӕ кӕндзӕн сӕ реализацийыл.
Къостайы преми фидар ӕрцыд РХИ президенты указӕй 2009 азы. Уый лӕвӕд цӕуы дыууӕ азы иу хатт. Хицӕн ӕзты премийы лауреаттӕ уыдысты фысджытӕ Хъазиты Мелитон ӕмӕ Хъодалаты Герсан, историктӕ Гаглойты Роберт, Гаглойты Юрий ӕмӕ ӕндӕртӕ.
Къостайы премимæ Хуссар Ирыстоны ацы аз ӕвзӕрст ӕрцыд 12 куысты.