Хуссар Ир ӕмӕ Уӕрӕсе бафысдзысты бадзырд медицинон фӕдзӕхсты фӕдыл

© Sputnik / Григорий Сысоев /  Ахизын медиабанкмæГосударственные флаги РЮО и РФ
Государственные флаги РЮО и РФ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны ӕмбӕстӕгты медицинон фӕдзӕхсты фӕдыл бадзырдыл ӕруынаффӕ кодтой президенты администрацийы сӕргълӕууӕг Джиоты Алан ӕмӕ УФ ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министры ӕххуысгӕнӕг Анатолий Гулин.

ЦХИНВАЛ, 10 ноя — Sputnik. Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсе бафысдзысты бадзырд республикӕйы ӕмбӕстӕгты медицинон фӕдзӕхсты фӕдыл.

Делегация Минздрава РФ в детской больнице в Южной Осетии - Sputnik Хуссар Ирыстон
УФ ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрады делегаци бабӕрӕг кодта Цхинвалы рынчындон

Документы ӕндӕвдад уыдзӕн ахӕм ӕмбӕстӕгтыл, кӕцытӕн ис уӕрӕсейаг ӕмбӕстагад ӕнӕ Уӕрӕсейы территорийыл регистрацийӕ. Уый тыххӕй президентон администрацийы сӕргълӕууӕг Джиоты Аланимӕ фембӕлды рӕстӕджы фехъусын кодта УФ ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министры ӕххуысгӕнӕг Анатолий Гулин.

Фембӕлды рӕстӕджы дзырд цыд ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады къабазмӕ хауӕг, УФ ӕмӕ РХИ ӕхсӕн интеграци ӕмӕ ӕмцӕдисады фӕдыл бадзырды фӕлгӕтты уӕлӕмхас бадзырдты реализацийы фарстытыл.

"Ныртӕккӕ цӕуы куыст Хуссар Ирыстоны ӕмбӕстӕгты медицинон фӕдзӕхсты фӕдыл бадзырдыл, кӕцытӕ уый ӕмрӕстӕджы сты уӕрӕсейаг ӕмбӕстӕгтӕ дӕр, фӕлӕ сын нӕй иудадзыг регистраци Уӕрӕсейы территорийыл. Ацы фӕдыздӕхты баконд ӕрцыд стыр куыст, кӕцы фӕхӕццӕ кӕны кӕронмӕ", — хъусын кӕны Гулины ныхӕстӕ президент ӕмӕ хицауады пресс-службӕ.

Уый равдыста ныфс, иннӕ аз кӕй суыдзӕн медицинон полистӕ дӕттыны аз ӕмбӕстӕгты ацы категорийӕн, кӕцытӕ цӕрынц Хуссар Ирыстоны территорийыл. Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, уый ратдзӕн фадат адӕмӕн исын медицинон ӕххуыс раззагондӕр федералон ӕмӕ субъектон медицинон центрты.

Ног хабӕртты лентӕ
0