Ирон нывгӕнӕг Козаты Ушангы равдыст байгом Мӕскуыйы

© FacebookВыставка Ушанга Козаева
Выставка Ушанга Козаева - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Экспозицийы скондмӕ бацыдысты нывгӕнӕджы уацмыстӕ, кӕцытӕ сарӕзта йе сфӕлдыстады ӕндӕр ӕмӕ ӕндӕр периодты.

ЦХИНВАЛ, 30 ноя — Sputnik. Мӕскуыйы байгом Хуссар Ирыстоны адӕмон нывгӕнӕг, Цӕгат Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы сгуыхт нывгӕнӕг Козаты Ушангы равдыст "Власть цвета", хъусын кӕны УФ президенты цур РЦИ-Аланийы иудадзыг минӕварад.

Мадзалмӕ Нывкӕнынады уӕрӕсейаг академимӕ ӕрбацыдысты Федерацийы советы уӕнгтӕ, Цӕгат ӕмӕ Хуссар Ирыстоны политикон архайджытӕ, аивады ирд архайджытӕ, нывгӕнӕджы ӕмгӕрттӕ ӕмӕ хиуӕттӕ.

"Ирон сурæтгæнæн аивады ирддӕр минӕвар, ӕцӕг патриот ӕмӕ фыдыбӕстӕ хъахъхъӕнӕг. Йӕ куыстытӕ дисы ӕппарынц ӕмӕ сӕхимӕ ӕлвасынц сӕ нысанӕвӕрд ӕмӕ индивидуалдзинадӕй. Йӕ куыстытӕй Ушанг ӕрмӕст мах зӕрдӕтӕ не ′лхӕны, фӕлӕ ма активонӕй хъомыл кӕны рӕзгӕ фӕлтӕр", — банысан кодта ӕрбайгомы церемонийы Хуссар Иры культурӕйы министр Остъаты Мадинӕ.

Экспозицийы скондмӕ бацыдысты нывгӕнӕджы уацмыстӕ, кӕцытӕ сарӕзта йе сфӕлдыстады ӕндӕр ӕмӕ ӕндӕр периодты.

Ушанг Казиев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Козаты Ушангы куыстыты равдыст "Власть цвета" байгом уыдзӕн Мӕскуыйы

Козаты Ушанг у нырыккон абстрактон нывкӕнынады ирд минӕвар. Йӕ куыстытӕн уыд ӕнтыстджын экспозицитӕ Мӕскуы, Гамбург, Токио, Пекин, Санкт-Петербург, Мадрид, Цхинвал ӕмӕ Дзӕуджыхъӕуы.

Козаты Ушангы фӕстаг азты сфӕлдыстады сӕйраг темӕтӕй иу у 1990-ӕм ӕзты ирон-гуырдзиаг хӕсты цаутӕ, уый сарӕзта куыстыты сери: "Цхинвал 08.08.08", "Хуссар Ирыстон", "Хӕстӕн нывонд".

Фыдыбӕстӕ хъахъхъӕныны хайадисты тыххӕй Козаты Ушангӕн лӕвӕрд ӕрцыд орден "Уацамонгӕ" — Республикӕ Хуссар Ирыстоны уӕлдӕр паддзахадон хорзӕх.

Ног хабӕртты лентӕ
0