Митын Дада, Митын Чызг ӕмӕ Уасӕг раарфӕ кӕндзысты Цхинвалы сабитӕн

© Sputnik / Константин Чалабов /  Ахизын медиабанкмæНовогодний утренник в детском доме в Великом Новгороде
Новогодний утренник в детском доме в Великом Новгороде - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ногазон аргъау чысыл сабитæн аразынц фирмæтæ "Амонд" æмæ "Салют", афтӕ ма æвзонг режиссер Хъотайты Сæрмæт Митын Дадайы фæлгонцы.

ЦХИНВАЛ, 30 дек — Sputnik. Цхинвалы ногазон ӕхсӕв Митын Дада сабитӕн раарфӕ кӕныны сӕраппонд фæуазæг уыдзæн 70 бинонтæм. Ногазон аргъау сывӕллӕттӕн аразынц фирмæтæ "Амонд" æмæ "Салют", афтӕ ма æвзонг режиссер Хъотайты Сæрмæт Митын Дадайы фæлгонцы. Ӕдӕппӕт Хуссар Иры сæйраг горæты ногазон æхсæв кусдзæн æртæ Митын Дадайы.

Фирмӕ "Амонд"-ы минæвæрттæ ӕрзилдзысты 30 бинонтæм, Митын Дада æмæ Митын Чызг бамбал кæндзысты семæ ацы азы фысым — Уасæджы дӕр.

"Къорд сабитæн семæ бахæсдзыстӕм ногазон лæвæрттæ дӕр. Ныййарджытæн ацы лæггæдтæ слæудзысты 2 минæй чысыл фылдæр", — радзырдта фирмӕйы хицау Бабаты Алла.

Фирмӕ "Салют"-ы Митын Дадатæ та сæ хуынтимæ сабитæм цæудзысты дыууæ боны дæргъы.

"Райдайдзыстӕм кусын майрæмбоны, æмткæй нæм ис 35 заказы. Ацы бинонтæй алкæцыйы къæсæрыл дæр Ног азы æхсæв 22:30 сахатмæ балæудзæн Митын Дада, Митын чызг æмæ быдзæу", — загъта фирмӕ "Салют"-ы хистӕр Мамиты Григорий.

Цхинвалы ацы аз фыццаг хатт фæлвары йæхи Митын Дадайы хуызы æвзонг режиссæр Хъотайты Сæрмæт дæр. Уый æрзилын хъæуы æрмæстдæр фондз адресыл, фæлæ сын ныфс дæтты хъæлдзæг ногазон равг балæвар кæнынӕй.

Митын Дадайы æрбацыд ныййаоджытӕн слӕудзӕн 1-3 мины онг, лæггæдты аргъыл æндавы рæстæг, лæвæрттæ, афтӕ ма Митын Дадаимæ ма цы персонажтæ æрбамбал вæййынц, уый дæр.

Ног хабӕртты лентӕ
0