ЦХИНВАЛ, 19 окт — Sputnik, Босыкты Наталья. Хуссар Ирыстоны фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министр Медойты Дмитрий радта республикӕйы дипломатон паспорт Европарламенты РХИ минӕвар Джульетто Кьезайӕн, хъусын кӕны уагдоны пресс-службӕ.
Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрады (ФХМ) сӕргълӕууӕг ис кусӕгон балцы Италийы.
"Медойты Дмитрий Кьезайӕн диппаспорт радта сӕ фӕмбӕлды рӕстӕджы, кӕцы уагъд ӕрцыд, Италийы информацийы фӕрӕзты кусджытӕн министр цы пресс-конференци радта, уый фӕстӕ", — дзырдӕуы ӕддагполитикон ведомствӕйы хъусинаджы.
Уыцы бон ма Медойты Дмитрий фембӕлд Хуссар Ирыстонӕй ацӕуджытыл, кӕцытӕ ныртӕккӕ цӕрынц Италийы.
Италимӕ кусӕгон балцы фӕлгӕтты ма ФХМ сӕргълӕууӕг фӕнд кӕны ныццӕуын Флоренцимӕ, цы ран уагъд ӕрцӕудзӕн йӕ фембӕлд ахуыргонд-историк, профессор Франко Кардиниимӕ.