УФ-йы сывæллæтты омбудсмен фембæлд йæ коллегæимæ Хуссар Ирæй

© Sputnik / Анна Гогичева Уполномоченный по правам ребенка Гульнара Козаева
Уполномоченный по правам ребенка Гульнара Козаева - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Анна Кузнецова ауагъта æртæфарсон фембæлд Хуссар æмæ Цæгат Ирыстоны сывæллæтты барты фæдыл æххæстбарджын минæвæрттимæ

ЦХИНВАЛ, 21 ноя — Sputnik. Йæ æрæджыйы кусæгон визиты рæстæджы дзæуджыхъæумæ, УФ-йы президенты цур сывæллæтты барты фæдыл æххæстбарджын минæвар Анна Кузнецова ауагъта æртæфарсон фембæлд йæ коллегæтимæ Хуссар æмæ Цæгат Ирыстонæй – Козаты Гульнара æмæ Кокайты Артуримæ, хъусын кæны РЦИ-Аланийы хицауады пресс-службæ.

Слестгӕнӕн органты хӕдтулгӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Дзӕуджыхъӕуы саби фӕхуыдуг нозтджын мады аххосӕй

Козаты Гульнара банысан кодта, хуссайраг ирæтты традицион цардуагмæ æнæкæсгæйæ, сывæллæтты барты фæдыл æххæстбарджын минæвары бынат разынд тынг ахсджиаг цæрджыты æхсæн. Республикæйы ис проблемæтæ бинонты æмæ сабибонты къабазы, загъта уый æмæ бафтыдта, сывæллæтты барты фæдыл институт РХИ-ы кæй кусы æмæ æнцой кæны цæгаттаг коллегæты, афтæ ма Уæрæсейы æндæр регионтæй специалистты фæлтæрддзинадыл.

"2008 азы, Уæрæсе Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад куы банымадта, бафыст æрцыд кæрæдзийæн æххуысы æмæ æмгуыстады фæдыл бадзырд, кæцы рагхыгъд кæны сразыдзинæдтæ æндæр æмæ æндæр къабазты. Махæн тынг æхсызгон уаит, бафыст куы æрцæуид сразыдзинад Уæрæсейы æмæ Хуссар Ирыстоны сывæллæтты барты фæдыл æххæстбарджын минæвæртты æхсæн. Уымæн æмæ Хуссар Иырстоны цæрджыты 90% сты Уæрæсейы Федерацийы æмбæстæгтæ", — бахаста хъæппæрис Козаты Гульнара.

Анна Кузнецова загъта бузныг æмгуыстадмæ цæттæдзинады тыххæй, уый та дзурæг у республикæйы институты райрæзты логикон этапыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0