Цхинвалы сфидар кодтой ирон æвзаджы фæдыл Терминологон къамисы сконд

© Sputnik / Ада БагианРеспубликанская библиотека им. Анахарсиса
Республиканская библиотека им. Анахарсиса - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уымæй дарддæр ма æмрæстæджы арæзт æрцыд сæрмагонд экспертон къамис ирон адæмы националон-культурон размæцыды къабазы Цæгат Ирыстонимæ æмгуыстады фарстыты фæдыл

ЦХИНВАЛ, 19 мар — Sputnik. Хуссар Ирыстоны хицауады цур фидар æрцыд ирон æвзаджы фæдыл Терминологон къамисы сконд. Уынаффæ райст æрцыд республикæйы министрты кабинеты рабадтыл премьер Пухаты Эрикы разамындæй, хъусын кæны хицауады пресс-службæ.

Уый хъусдард аздæхта националон æвзаг бахъахъхъæныны ахсджиагдзинадмæ æмæ банысан кодта, æнæ ирон æвзагæй ирон адæмæн кæй нæй уæвæн, куыд хæдбар этносæн.

"Националон æвзаджы райрæзтæн ахъаз у паддзахадон политикæйы приоритет. Ӕнæ 'взагæй нæй этнос дæр", — загъта Пухаты Эрик.

Уымæй дарддæр ма, рабадтыл æмрæстæджы арæзт æрцыд сæрмагонд экспертон къамис ирон адæмы националон-культурон размæцыды къабазы Цæгат Ирыстонимæ æмгуыстады фарстыты фæдыл.

"Мадæлон æвзаджы размæцыдæн хъæуынц Хуссар æмæ Цæгат Ирыстоны иумæйаг тыхтæ", — бахахх кодта хицауады сæрдар.

Ног хабӕртты лентӕ
0